Уазæгдон "Ирыстон": реконструкци нæй гæнæн, хъæуы йæ ныппырх кæнын

© Sputnik / Наталья АйриянГостиница "Ирыстон"
Гостиница Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проектаразджытæ цы акт сарæзтой, уымæ гæсгæ уазæгдон "Ирыстон"-æн нæй среконструкци гæнæн, хъæуы йæ ныппырх кæнын

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссарирыстойнаг столицæйы культурон бынты объект – уазæгдон "Ирыстон" – бахъахъхъæндзæн йæ историкон бакаст, ахæм скъуыддзаг райста республикæйы къухдариуæгад арæзтад, экономикæ æмæ культурæйы министрæдтимæ иумæ.

Республикæйы бынæттон цæрджыты фылдæр хай сты бæстыхайы реконструкцийы фарс – разы не сты бæстыхайы ныппырх æмæ ног комплексы арæзтадимæ.

Гостиница Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ирыстоны" бынаты самайдзысты ног уазæгдон

Уыимæ иумæ, хицауады сæрдар Пухаты Эрикы официалон уынаффæмæ гæсгæ, бæстыхай хъæуы ныппырх кæнын æмæ йын нæй гæнæн капиталонæй сцалцæг кæнын.

"Гостиницæ ныппырх кæныны фæдыл уынаффæ райст æрцыд æрхонгæ специалистты актмæ гæсгæ, кæцы ист æрцыд бæстыхайы фундамент, систæ æмæ конструкциты лæмбынæг басгæрсты фæстæ. Къамис банымадта, 30-æм æзты арæзт уазæгдон кæй нæ ис æмбæлон уавæры. Бæстыхай цы аххосæгтæм цæуы пырх, уымæн сæ сæйраг у уый, æмæ дзуапп кæй нæ дæтты зæххæнкъуысты ныхмæ мадзæлттæн, зæххæнкъуысттæ та нæ зонæйы вæййынц рæстæгæй рæстæгмæ", — загъта арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ-ы министр Зæгъойты Эдуард.

Уый банысан кодта, йæ бынаты цы уазæгдон нывæндынц саразын, уый дзуапп кæй дæтдзæн нырыккон домæнтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0