Беслæны зианбаййафджытæн компенсацитæ бафиддзысты иу азмæ

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæУФ юстицийы министр Александр Коновалов
УФ юстицийы министр Александр Коновалов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адæймаджы барты фæдыл Европæйаг тæрхондоны рахæсгæ уынаффæмæ гæсгæ сфидаргонд компенсацитæ райдзайдзысты фидын иу азмæ, хъусын кæны УФ-йы юстицийы министрад

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Адæймаджы барты фæдыл Европæйаг тæрхондоны сентябры рахæсгæ уынаффæмæ гæсгæ сфидаргонд компенсацитæ Беслæны теракты зианбаййафджытæн райдзайдзысты фидын иу азмæ, хъусын кæны РИА Новости Уæрæсейы юстицийы министрадыл æнцойгæнгæйæ.

"Ау азмæ компенсацитæ райдайдзысты фидын бæлвырд фæткмæ гæсгæ", — радзырдта журналисттæн уагдоны сæргълæууæг Александр Коновалов.

Фиддонтæ фыст цæудзысты бæлвырд фæткмæ гæсгæ, чысыл фæфæстиатимæ, фæлæ иу азмæ бафидын цы хъæуы, уый фыст æрцæудзæн рæстæгыл, фехъусын кодта министр.

День памяти жертв теракта проходит в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Авд тæрхонгæнæгæй æртæ разы не сты Беслæны теракты фæдыл АБЕТ-ы тæрхонимæ

Уыимæ иумæ уый банысан кодта, фиддонтæ фыст кæй цæудзысты "финансты министрад юстицийы министрадæн ацы нысанæн цы лимит рахицæн кодта, уый арæнты".

Хъаст АБЕТ-мæ балæвæрдтой 409 уæрæсейаг æмбæстаджы æмæ дзы æвзæрст цыд 2004 азы сентябры Беслæны скъолайы террористон акт. Хъастхæсджытæ банысан кодтой, "Бесланы теракты ахасты хицауад кæй нæ ауагъта уыцы цауты эффективон равзæрст.Трагедийы амӕттаг баисты 334 уды, уыдон нымӕцы 186 сывӕллоны.

АБЕТ рахаста уынаффæ, цæмæй зианбаййафджытæн бафыст æрцæуой 2 милуан 955 мин евройы æнæматериалон зианы хуызы, 88 мин сомы та хъастгæнджыты минæвæрттæн сæ хæрдзты компенсацийы хуызы.

Ног хабӕртты лентӕ
0