ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ бацамыдтой гуырдзиаг митингтæ æмæ паддзахадон арæны хаххмæ фæсарæйнаг политикон архайджыты балцты провокацион нысаниуæгмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл радон консультацитыл, хъусын кæны РИА Новости УФ-йы ФХМ-ыл æнцойгæнгæйæ.
"Ахæм пропагандистон мадзæлттæ ис гæнæн æмæ фæкарздæр кæной уавæр, уый тыххæй та бæрндзинад æвæрд æрцæудзæн Тбилисыл", — фехъусын кодта уæрæсейаг æддагполитикон уагдон.
Дыццæг æмæ æртыццæджы Женевайы ацыдысты Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситæ.
Хайад сæ райстой Хуссар Ирыстоны, Абхазы, Гуырдзыстоны, УФ æмæ АИШ, афтæ ма ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.
Хуссар Ирыстон, Уæрæсе æмæ Абхаз банысан кодтой, Женевайы иумæйаг куысты сæйраг хæслæвæрд кæй у Фæскавказы тыхæй ма спайда кæнын темæйыл дарддæры уынаффæтæ. Ацы домæны сæххæст у æнæмæнгхъæуæг дыууæ республикæты æдасдзинад бахъахъхъæнынæн, фехъусын кодтой Уæрæсейы ФХМ-ы.
Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл радон консультацитæ уагъд æрцæудзысты 2017 азы декабры, банысан кодтой ведомствæйы.