Бибылты Анатолий БТК-4 директоры йæ бынатæй сисыны тыххæй: ма дзы аразут трагеди

© Sputnik / Наталья АйриянБТК-4
БТК-4 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент фæдзырдта холдинг "БТК-групп"–ы сæргълæууæг Болоты Таймуразмæ æмæ фехъусын кодта коллективæн бизнесмены цæстæнгасы тыххæй

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий фембæлд БТК-4-ы кусджытимæ, кæцытæ рацыдысты куыстуаты директор Коцты Хъазбеджы йæ бынатæй сисыны ныхмæ.

Забастовка БТК - Sputnik Хуссар Ирыстон
Раздахут нын нæ директоры: БТК-4 кусджытæ рацыдысты сæ хистæры сисыны ныхмæ

Цыппæрæмы райсомæй фабрикæйы кусджытæ рацыдысты митингмæ, куыддæр базыдтой БТК-Группы компанийы къухдариуæгады уынаффæ Коцты Хъазбеджы йæ бынатæй сисыны тыххæй. Кусджыты иу хай бахатыдысты президентмæ, цæмæй уый фæдзура холдингы сæргълæууæг Болоты Таймуразмæ æмæ йын фехъусын кæна куырдиат, цæмæй йæ ныууадзой йæ бынаты.

Президентмæ фабрикæйы кусджытæ æнхъæлмæ кастысты райсомæй æмæ цалынмæ уый семæ фембæлд, уæдмæ кусджыты фылдæр хай баздæхтысты сæ кусæгон бынæттæм. Президентимæ фембæлды рæстæджы рæстæгæй рæстæгмæ хъуыстысты: "Коцты Хъазбег у хорз директор", "алчидæр дзы райгонд у", æмæ "нæ нæ хъæуы æндæр къухдариуæггæнæг".

Президенты ныхæстæм гæсгæ, уый фæдзырдта Болоты Таймуразмæ æмæ йын фехъусын кодта коллективы куырдиæттæ иууылдæр.

"Уый мын бахæс кодта зæгъын, кæй йæ нæ уырны, фабрикæйы кусджытæ иууылдæр кæй уарзынц Коцты Хъазбеджы уымæй фылдæр. Уымæн æмæ сты хæстæджытæ. Болоты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, уый алыхатт дæр Коцыйы фырты кæй æвæрдта егъау бынæтты, фæлæ никуы хæццæ кодта хæстæгон æмæ кусæгон бастдзинæдтæ – науæд ын ахæм стыр бизнес нæ бантыстаид саразын", — фехъусын кодта президент БТК-Групп холдингы сæргълæууæджы ныхæстæ.

Бибылты Анатолий банысан кодта, Болоты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, фабрикæйы директоры æртæ хатты бафæдзæхстой йæ куысты къухцыты тыххæй, уый-иу æрфæсмон кодта æмæ-иу дзырд радта, афтæ кæй нал бакæндзæн. Болоты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, уый уыд фæдзæхст, цыппæрæм ахæм цауы фæстæ йæ бынатæй кæй сисдзæн.

Магазин БТК - Sputnik Хуссар Ирыстон
БТК-4 бакодта Хуссар Иры дарæсы фирмæйон дукани

Коцты Хъазбеджы хъысмæт аскъуыддзаг кодта уый æмæ августы уый йæхицæн снысан кодта мызд 125 мин сомы бæрц куысуататы фæрæзтæй. Уæлдæрлæууæг къухдариуæгадæн бамбарын кодта, кæй йын ис бар йæхицæн мызд фæфылдæр кæнын.

Фабрикæйы кусджытæй иутæ дзырдтой, Коцты Хъазбегмæ уыцы æхцатæ кæй æмбæлынц æмæ райгонд кæй сты сæ директорæй, аннæтæ та курæг уыдысты уымæн дыккаг шанс раттын.

Президент сын бамбарын кодта, ахæм фарстытæ уый кæй нæ скъуыддзаг кæны.

"Уый æрхаста ахæм æвдисæйнæгтæ æмæ мæ бон сдзуапп кæнын ницы сси. Ма аразут ацы хъуыддагæй трагеди, уый у къухдариуæгады элементарон раивд", — загъта президент.

Хуыйæн фабрикæ БТК-4 æрбайгом Цхинвалы цыппар азы размæ, куыстуат ифтонг кæны куысты бынæттæй Хуссар Ирыстоны 1, 5 мин цæрæгæй фылдæры.

Ног хабӕртты лентӕ
0