ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Хъæрæсе-Черкесийы Хетæгкаты Къостайы номыл хъæуы 15 октябры уагъд æрцæудзæн уæрæх бæрæгбон зындгонд поэты райгуырæн боны цытæн, хъусын кæны Ossetia News организаторты информацийыл æнцойгæнгæйæ.
"Хуынд сты ирон эстрадæ æмæ сыхаг республикæйы эстрадон зарæггæнджытæ, делегацитæ Мæскуы, Санкт-Петербургæй. Уазджытæм æнхъæлмæ кæсынц кафтытæ, алыгъуызон эстафетæтæ, афтæ ма националон æмæ алыгъуызон хæринæгтæ", — банысан кодта мадзалы организатортæй иу.
Хуссар Ирыстоны поэты райгуырæн боны цытæн уагъд цæуы конкурс "Нæхи Къоста". Акци уагъд цæуы ирон æвзаг æмæ литературæйы парахат кæныны нысанæн æмæ нывонд у фыссæгæн, кæцыйы уацмыс бацыд уырыссаг литературæйы хуыздæр 50 уацмысты нымæцмæ Петр III-ы заманæй фæстæмæ.