ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Цхинвайлаг дуканитæй иуы уæйгæнæгыл æвæрд æрцыд административон бæрндзинад "снюс" æнæзакононæй уæй кæныны тыххæй, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады прес-службæ.
Басгæрстон балхæды рæстæджы дуканийы 23-аздзыд уæйгæнæг ауæй кодта тобæгонд буарад.
Дукани басгаргæйæ, милицийы кусджытæ ссардтой æмæ байстой ноджы 16 тыхтоны "снюс".
"МХМ-ы экспертон-криминалистон хайады информацимæ гæсгæ, иртæстмæ балæвæрдгонд буарад у 14 граммы "снюс", — дзырдæуы хъусинаджы.
Барадхъахъхъæнджытæ сбæлвырд кодтой уæйгæнæджы архæйдтыты æууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл законмæ гæсгæ административон фæткхæлды æууæлтæ.
Хуссар Ирыстоны парламент марты райста æууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл закон.
Фæткхалджытæ фиддзысты ивар 20-150 мин сомы, кæнæ дыууæ мæйы æмгъуыдмæ баконд æрцæудзысты ахæстоны тобæгонд тамако æмæ ӕндӕр ӕнгӕс буарадтӕ парахат кæныны тыххæй.
Ацы нормативон акт райсыны Sputnik Хуссар Ирыстон райста активон хайад. Агентады журналисттæ æндæраз сарæзтой контролон балхæд, уый фæстиуæгæн рабæрæг, сывæллæттæн фадат кæй ис базарадон объектты сæрибарæй балхæнын æууилгæ тамако "снюс". Сайт Sputnik цалдæр публикацийы фæстæ парламент фехъусын кодта, кæй фæнд кæнынц йæ реализаци æрæхгæнын.