Премьер: Хуссар Ирыстонæн тынг стыр хæс ис электроэнергийы фæдыл

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады рабадты сæйраг темæ ссис, коммуналон лæггæдты фиддонтæ тынг æвзæр кæй æмбырд кæнынц, уыцы проблемæ

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстонæн ис стыр хæс электроэнергийы æввонгæнæг "Интер РАО"-ы раз. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы премьер-министр Пухаты Эрик хицауады рабадты рæстæджы.

"Ис нын тынг стыр хæс электроэнергийы æввонгæнæг "Интер РАО"-ы раз. Хæстимæ сæвзæргæ уавæр æрнывыл кæныны æмæ ног хæсты ма ныххауыны тыххæй хъæуы райсын æвæстиат мадзæлттæ", — хъусын кæны хицауады сæрдары ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Хицауады рабадты сæйраг темæ ссис, коммуналон лæггæдты фиддонтæ тынг æвзæр кæй æмбырд кæнынц, уыцы проблемæ.

Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пухаты Эрик ауагъта æмбырд ЦКХ-ы лæггæдты гъæд æмæ тарифты фæдыл

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой республикæйы сæудæджерады комитеты сæргълæууæг Бекъойты Геннадий, кæцы банхъардта технологон хæрдзтæ фæкъаддæр кæныны æмæ коммуналон лæггæдты фиддонты æмбырды бæрæггæнæнтæ фæбæрзонддæр кæныны фæдыл æхсæнведомствæйон къамис саразын.

Пухаты Эрик хорзыл банымадта æхсæнведомствæйон къамис саразыны хъæппæрис æмæ бахатыд, цæмæй хицауадмæ æрбавдисой архайды нывæзттæ æмæ бакæнгæ куысты хыгъдтæ.

Хицауады сæрдар ма бахахх кодта, фиддонтæ фидыны бæрæггæнæнтæ фæбæрзонддæр кæнын кæй у президенты хæслæвæрд, кæцы хъæуы сæххæст кæнын оперативонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0