Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Къостайы 158-æм райгуырæн бон

© Sputnik / Диана Валиева Къостайы цырт Цхинвалы
Къостайы цырт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы цæрджытæ ссардтой ирон рухстауæджы ном

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон Цхинвалы банысан кодтой зындгонд поэты цыртмæ дидинтæ сæвæрынæй. Мысæн мадзалы хайад райстой сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ скъолаты ахуыргæнинæгтæ, афтæ ма культурæйы министр Зассеты Жанна.

Къостайы цырт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иугонд Алани" уадзы видеоконкурс "Нæхи Къоста"

Зассеты Жаннайы ныхæстæм гæсгæ, бæрæгбонон датæйæн нывонд бындурон мадзæлттæ ацæудзысты 16 октябры.

Хуссар Ирыстоны поэты райгуырæн бонæн нывонд у конкурс "Нæхи Къоста", кæцыйы организатор у фæсивæдон организаци "Иугонд Алани".

Ирон литературон ӕвзаджы ӕмӕ нывкӕнынады бындурӕвӕрӕг, йӕ адӕмы бартыл тохгӕнӕг, поэт, прозаик, драматург, публицист, этнограф, тӕлмацгӕнӕг Хетӕгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырдыл сӕххӕст 158 аз. Ирон адӕм алыхатт дӕр уӕрӕхӕй нысан кӕнынц ацы бӕрӕгбон. Поэтӕн цыртытæ ӕвӕрд ӕрцыд Цæгат Ирыстоны, Цхинвалы, Болгарийы, Хъæрæсейы, Стъараполы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты. Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр йӕ номыл нысангонд æрцыдысты Паддзахадон премитӕ. Къостайы æнæмæлгæ поэмӕ "Фатимæ"-мӕ гӕсгӕ уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл ист ӕрцыдысты кинонывтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0