Хæдтулгæты дугътæ Кисловодскы: цхинвайлаг экипаж банымадтой иууыл спортивондæрыл

© Sputnik / Наталья АйриянДжип-триал Хуссар Ирыстоны
Джип-триал Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты Ирыстонæй архайдта 6 командæйы, уыдонæй цыппар бацахстой призон бынæттæ

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг экипаж Лæууойты Сева æмæ Гæззаты Олегы скондæй ссис фыццаг трофи–спринтæй Кисловодскы уагъд цæуæг ерысты, фехъусын кодта Sputnik шофыртæй иу.

Экстремалон шофыр: уæлахизæн хъæуы хорз хæдтулгæ æмæ рискыл æдæрсгæйæ цæуын

Экстремалон ерыстæ цыдысты ныр æстæм хатт, фыццаг бынæттыл тох кодтой 73 экипажы Уæрæсейы хуссарæй æмæ Фæскавказæй. Уыдонæн æрмæст се ʻмбис ахызт финалмæ. Сæ категорийы фыццæгтæ ссисты Лæууойты Сева æмæ Гæззаты Олег.

"Ирыстонæй хæдтуглæты дугъты архайдта 6 командæйы æмæ дзы цыппарæй бацахстой призон бынæттæ. Хуссар Ирæй уыдыстæм æрмæст мах, тырныдтам уæлахизмæ, фæлæ æппынфæстаджы онг дæр нæ зыдтам, кæй рамбылдтам — спорты категорийы мах ссистæм фыццæгтæ", — загъта Лæууойты Сева.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыккаг бынатыл ацыд цæгатирыстойнаг командæ – Туаты Таймураз æмæ Тебиаты Алан.

Афтæ ма уæзласæн хæдтулгæтыл дæр æмсæр нæ разынд ноджы иу ирон экипажæн — Мæхъиты Сослан æмæ Тотыраты Аслан бацахстой фыццаг бынат.

Ног хабӕртты лентӕ
0