ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Уалыты Диана. Галаты Борисы ногæй нымыххуыргонд куыст "Ирон адæмон зарджыты" презентацимæ æрбамбырд Хуссар Ирыстоны сфæлдыстадон интеллигенци, уыдон тымбыл фынджы рæстæджы адих кодтой чиныджы фæдыл тæлмæнтæ æмæ композиторæн йæхи тыххæй мысинæгтæ.
Фембæлдмæ ма фæуазæг Галаты Аслан-Гирейы (Борисы) номыл культурæйы фонды директор Гаглойты Лиана, фестивалы организатор Гергиты Лариса æмæ РХИ-ы минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр.
Тымбыл фынджы фæстæ Ӕлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны ацыд концерт, цы ран зæлыдысты Галаты Борисы æмæ йе ′мдугонты уацмыстæ. Мадзалы райстой хайад оперон театры хор, скърипкъæдзæгъдджыты ансамбль, Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы æмæ Чайковскийы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны ахуырдзаутæ.
"Галаты Борисы бонтæ" Ирыстоны уагъд цæуынц XII Ӕхсæнадæмон аивæдты фестиваль "Уазæгуаты ГЕргиты Ларисæмæ"-йы фæлгæтты УФ культурæйы министрады, РЦИ-Аланийы культурæйы министрады, РХИ культурæйы министрады, Галаты Аслан-Гирейы (Борисы) номы культурæйы фонды, центр "Со-действие"-йы æххуысæй.