ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Дзæуджыхъæуккаг Алайнаг епархийы сæрамгонд къамис бакусдзæн Хуыцаумæскуывдты терминологи ирон æвзагмæ стæлмац кæныныл. Ахæм уынаффæ райстæуыд Хуыцаумæскуывдты мадæлон æвзагмæ ратæлмац кæныны фæдыл сæрмагонд къамисы радон рабадтыл, хъусын кæны епархийы сайт.
Ирыстоны хуссары дæр æмæ цæгаты дæр рæстдинон аргъуанты Хуыцаумæскуывдтæ се 'ппæт дæр мадæлон æвзагыл нæ цæуынц, скуывдты терминологи кæронмæ ирон æвзагмæ ивд нырма кæй не ʻрцыд, уый аххосæй. Ивгъуыд аз мадæлон æвзагмæ ивд æрцыдысты "Хуыцауы литурги" æмæ "Зӕринком Иоанны литурги".
"Уымæй дарддæр ма къамисы уæнгтæ адарддæр кодтой сæ куыст куывдтытæ "Отче наш" æмæ "Херувимская песня"-йы ирон æвзагмæ тæлмац редакци кæныныл. Рабадты рæстæджы уынаффæ цыд Хуыцамæ скуывдты терминологийы варианттыл дæр", — дзырдæуы хъусинаджы.
Къамисы сконды сты епархийы нымæрдар иеромонах Стефан (Дзугкаты), моладзан Георгия (Бестауты), дины æндæр службæгæнджытæ, стæй ма Цæгат Ирыстоны археологи æмæ историйы институты ахуыргæндтæ æмæ Цæгат Ирыстоны педагогон институты ирон кафедрæйы минæвæрттæ.