ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстон ӕрбавдисдзӕн "Россельхознадзор"-ӕн ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг информаци, цӕмӕй сисой тобӕ Уӕрӕсемӕ хуыйыфыд ӕрбаластыл, фехъусын кодтой Sputnik Хъӕууонхӕдзарадон министрады.
Ставрополы крайы "Россельхознадзор" тобӕ сӕвӕрдта Хуссар Ирыстонӕй хуыйыфыд ӕрбаластыл, ома Хуссар Ирыстоны территорийыл хуыты африкайаг емынӕйы артдзӕсттӕ кӕй фӕзынд, уый тыххӕй. Тобӕ хауы ӕппӕт уӕрӕсейаг территоритӕм.
"Уый у мæнг информаци, африкæйаг емынæ Хуссар Ирыстоны территорийыл нæй. Ӕввахс рæстæджы бавдисдзыстæм уагдонмæ æппæт анализтæ, кæцытæ раргом кæндзысты уавæр", — загъта хъæууон хæдзарды министрады кусæг.
Африкæйаг емынæ фæстаг хатт хуыйы мыггаг ныццагъта ацы аз уалдзæджы, фæлæ уæд низ нæ апарахат ис. 2016 азы республикæйы низы гурахст райста стырдæр тыгъдад, уæд æрмæст Дзауы районы ныццагъта 800 хуыйы бæрц, фæстæдæр низ анхъæвзта иннæ районтæм дæр.