ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик ауагъта УФ æмæ РХИ æхсæн социалон-æмгуыстады фæдыл Ӕхсæнхицауадон къамисы (ӔХК) хуссарирыстойнаг фарсы рабадт, хъусын кæны республикæцы хицауады пресс-службæ.
Рабадты рæстæджы уынаффæ цыд къамисы иумæйаг рабадтмæ цæттæгæнæн этаптыл, кæцы уагъд æрцæудзæн 27 октябры, Цхинвалы.
Хицауады хъусинаджы нысан цæуы, 2018-2019 азы инвестпрограммæйы бындурон мадзæлттæ ныридæгæн сты арæзт. Дыууæазон программæйы финанскæнынады иумæйаг гуырахст у 3, 3 млрд сомы.
Республикæйы адарддæр уыдзæн инженерон æмæ фæндагон хызæгты арæзтад; районты социалон инфрастуктурæйы объектты; ног медицион, спортивон, ахуырадон уагдæтты, афтæ ма фæлладуадзæн бынæтты арæзтад, хæрзарæзт æрцæудзæн республикон парк.
Инвестпрограммæ ма рагхыгъд кæны хæрзвадат инвестицион климаты арæзтад, экономикæйы реалон секторы, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады, туризмы, энергетикæйы размæцыды мадзæлттæ.
"Мах ма ногæй фембæлдзыстæм иннæ къуырийы райдианы, цæмæй æруынаффæ кæнæм ӔХК-ы уæрæсейаг фарсы рабадты фæстиуджытыл æмæ лæмбынæгæйдæр бацæттæ кæнæм иумæйаг фембæлдмæ", — балхынцъ кодта Пухаты Эрик.