Уæлдæр тæрхондоны радзырдтой, Хуыгаты Илона цæмæн бадæтта отставкæмæ

© Пресс-служба ВС РЮО Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон
Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыгаты Илонайы отставкæйы ацæуыны тыххæй хъусинаг фæзынд цыппæрæмы, уый лæууыд УТ-ы сæргъ 2012 азæй

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны (УТ) сæргълæууæг Хуыгаты Илонайы отставкæйæн нæй политикон бындур, радзырдта журналисттæн УТ сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Василий.

Хуссар Иры Уӕлдӕр тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар бадӕтта отставкӕмӕ

Цыппæрæмы райхъуыст, Хуыгаты Илона кæй бадæтта отставкæмæ, фæлæ йæхæдæг нырма ницы комментаритæ сарæзта ацы хабары фæдыл. Уый лæууыд Уæлдæр тæрхондоны сæргъ 2012 азы декабрæй.

"Хуыгаты Илона бахатыд тæргонджæнджыты квалификацион коллегимæ, цæмæй йын кæрон скæной йæ æххæстбартæн УТ-ы сæргълæууæджы бынаты. Коллегийы авд уæнгæй æхсæз сразы сты йæ отставкæйыл", — загъта Джиоты Василий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуыгаты Илонайы æххæстбартæ фæуд кодтой декабры æмæ уый нæ фæнд кодта дыккаг хатт баззайын ацы бынаты.

"Ӕз æй куыд зонын, афтæмæй йæ бынатæй ацæуыны фæндоны ницы политикæ ис. Ӕвæццæгæн ын уымæн уыд цавæрдæр йæхи аххосæгтæ, — бафтыдта Джиоты Василий.

Джиоты Василий куыд загъта, афтæмæй Хуыгаты Илонайæн уыдзæн алы уæлбар дæр, кæцытæ æмбæлынц тæрхонгæнджытæм отставкæйы – нæфæцагайгæдзинад, пенси æмæ "цæрæнбонтæм æхцайы фæрæзтæ — куыстмызды 80%".

Президенты барамындмæ гæсгæ, тæрхондонон системæйы рацарæзты тыххæй закон хицауад хъуамæ сфидар кæна октябры кæронмæ æмæ йæ арвита парламентмæ. Ацы фарст ацы аз апрелы æвзæрстыты размæ ссис закондæттæн æмæ æххæстгæнæн къабæзты æхсæн хъаугъайы аххосæг. Бибылты Анатолий, кæцы уæды рæстæджы уыд парламенты спикериу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдта тæрхондонон органты рацарæзты æнæмæнгхъæуæгдзинады тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0