Ленингоры фæстиат кæны коммуникациты арæзтад

© Sputnik / Ада БагианКъудухты Бесикы уынг Ленингоры
Къудухты Бесикы уынг Ленингоры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зæронд коммуникацитæ Ленингоры поселочы хъуамæ ивд æрцыдаиккой азы кæронмæ

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры райцентры – Ленингоры поселочы — раивтой доны æмæ канализацион хæтæлты æмбис, фæлæ аразджытæ нæ фæуыдзысты рæстæгыл куыстытæ, радзырдта журналисттæн районы сæргълæууæг Хацырты Филипп.

Поселочы донифтонгад, канализаци æмæ электроифтонгады хæтæлты реконструкцийæн инвестпрограммæйы фæлгæтты рахицæнгонд æрцыд 305 милуан сомы.

Замок-дворец Касанских Эриставов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕмӕй цӕры Ленингор

Зæронд хæтæлтæ, районы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, сты 1970-æм æзты арæзт æмæ сын нал ис цалцæггæнæн.

"Кæлæццаг дæлзæххон коммуникацитæ сты егъау проблемæ районæн. Цалцæггæнæн сын нал ис. Авари аиуварс кæныны рæстæджы хæтæлтæ лыстæг пырх ныввæййынц, рæстæгмæ дæр сын нал вæййы саразæн. Рагон хæтæлты тыххæй бирæ хæдзæртты нæй дон, хæлд у канализаци, цæрджытæн уыдæттæ хæссынц зынвадæттæ", — радзырдта Хацырты Филипп.

Графикмæ гæсгæ, хæтæлтæ хъуамæ айгæсрт æрцыдаиккой азы кæронмæ, фæлæ аразджытæн нæ банстысдзæн ацы æмгъуыдмæ куыстытæ сæххæст кæнын.

Донифтонгады хъуагдзинад ленингойрæгты хæдзæртты ссис тынг арæх проблемæ. Цæрджытæ сæхæдæг дзурынц, поселочы раздæр дон хæдзæртты кæй цыд 24 сахаты суткæйы мидæг, фæлæ рагон хæтæлты аххосагæй дон сæфы æмæ нæ хæццæ кæны крантты онг.

Дæлзæххон коммуникациты арæзтад куы фæуа, уæд Ленингоры уынгтæм та æнхъæлмæ кæсы ног асфальт. Фæлæ уый у 2018 азмæ нывæзт.

Ног хабӕртты лентӕ
0