ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг номыртимæ хæдтулгæтæ раздæрау æнæкъуылымпыйæ цæудзысты Уæрæсемæ, фехъусын кодта Sputnik УФ таможнæйон службæйы минæвар Хуссар Ирыстоны Олег Рева.
Хуссар Иры соцхызæджы пайдайгæнджытæ уырнын кæнынц, Уæрæсеимæ арæныл уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы" кæй бакодтой арæны сæртыл цæуыны ног уагæвæрд хуссарирыстойнаг номыртимæ машинæтæн. Бæстондæрæй та уый хауы, октябры астæумæ чи никуы ахызт Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн арæны сæртыл, уыдонмæ.
"Уыцы информаци раст нæу. Уæрæсеимæ арæны сæртыл ахизыны фæткы ницы фæивта. Хицауады ʻрдыгæй барамындтæ æмæ ног уагæвæрдтæ ницы ис æмæ ницæмæ дæр æнхъæлмæ кæсæм", — загъта Олег Рева.
Хуссар Иры машинæты хицæуттæн 8 октябрæй сæ бон у иу азы æмгъуыдмæ баласты гæххæт райсын. Уый лæвæрд цæуы хæдтулгæты хицæуттæн, кæцытæн ис Хуссар Ирыстоны паспорттæ æмæ фыст не ʻсты Уæрæсейы территорийыл.