Гасситы Мурæт Влодарчикимæ тохы тыххæй: цæттæ кæнын мæхи 12 уæззау раундмæ

© YouTubeГасситы Мурæт æмæ Кшиштов Влодарчик
Гасситы Мурæт æмæ Кшиштов Влодарчик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксер радзырдта, куыд цæттæ кæны йæхи Кшиштоф Влодарчикимæ тохмæ

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. IBF версимæ гæсгæ дунейы чемпион боксæй Гасситы Мурæт нымайы, алы тохы дæр кæй хъуамæ уай цæттæ цыфæнды фездæхтмæ дæр, уымæ гæсгæ уый йæхи цæттæ кæны 12 уæззау раундмæ Кшиштоф Влодарчикимæ. Уый тыххæй ирыстойнаг боксер радзырдта йæ интервьюйы агентад Р-Спорт.

Сабаты Гасситы Мурæт фембæлдзæн рингыл польшæйаг Кшиштоф Влодарчикимæ. Дыууæ боксеры тох ацæудзæн 21 октябры америкæйаг горæт Нью-Аркы Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы фæлгæтты. Гасситы Мурæты активы ис 24 уæлахизы (17 нокаутæй) æмæ иу саст дæр нæ, Кшиштоф Влодарчикы активы та ис 53 уæлахизы (37 нокаутæй) æмæ æртæ састы.

"Фыццаджыдæр хъуамæ уон цæттæ уæззау 12-раундон тохмæ. Хъуамæ уон цæттæ тохы цыфæнды здæхтмæ дæр. Влодарчик – дунейы дыууæ хатты чемпион. Уый у тынг тыхджын физикон æмæ техникон æгъдауæй дæр", — загъта Гасситы Мурæт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый йæхи тохмæ уæлдай цæттæ нæ кодта. Гасситы Мурæт нырма дæр ис тренировкæгæнæн базæйы Биг Бэр (США), цы ран уый йæхи цæттæ кæны зындгонд тренер Абель Санчесы къухдариуæгады бын.

Винченцо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæты тох равдисдзысты кафе "Vincenzo"-йы Цхинвалы

"Уæддæр кæнын интенсивон куыст, лидзын уæззау кросстæ. Тынг бирæ спортсментæ тренировкæ кодтой ам, фæлæ-иу бирæтæ нæ бафæрæзтой. Уымæ гæсгæ дзы стыр сусæгдзинæдтæ нæй, æмæ Абель Санчесæн цы домæнтæ ис спортсментæм, уыдон алкæмæн дæр зындгонды сты", — банысан кодта боксер.

Уый ма бафтыдта, кæй нæ раргом кæндзæн тохмæ цы тактикæ равзæрста, уый.

"Алы боксеры дæр фæнды йæ ныхмæлæууæджы дисы баппарын, сюрприз ын саразын, аннæрдыгæй та, тактикæ – æмбæрстгонд хъуыддаг", — загъта чемпион.

Гасситы Мурæт ма загъта, тынг æхсызгонæй ма ноджы иу тох кæй ауадзит уæрæсейаг боксер Денис Лебедевимæ.

Боксы æппæтдунейон суперсерийы турнир æрбайгом ацы аз сентябры æмæ кæронмæ бахæццæ уыдзæн 2018 азы майы. Йæ призон фонд уыд 50 милуан доллары. Уымæй дарддæр ма турниры уæлахиздзау райсдзæн Мухаммед Алийы номыл трофей.

Ног хабӕртты лентӕ
0