Гаглойты Рутены æхгæд музей

© Sputnik / Наталья АйриянРукъ
Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Культурæйы министрады ныфс дæттынц, иу мæйы æмгъуыдмæ Рутены хӕдзары хъысмæт кӕй раирд уыдзæн æмæ Ирыстоны дыууæ хайы хсæн фæндагаразæджы музей йæ дуæрттæ кӕй æрбакæндзæн уазджытӕн

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зынгӕ ирыстойнаг ӕхсæнадон архайæг, инженер, публицист, Ручъы тоннель айгæрдыны автор Гаглойты Рутены хъӕбулы хъӕбултӕ цалдӕр азы размӕ сфӕнд кодтой Дзауы районы Уанелы хъæуы сæ хӕдзарӕй саразын музей сæ кадджын фыдæлæн. Хицауады хæрдзтæй 2013 азы фæцис хæдзар-музейы арæзтад, фæлæ ацы социо-культурон объекты къæсæрæй нырма иу уазæг дæр нæ бахызт. Sputnik бацымыдис кодта, цæмæн ныффӕстиат ис музейы æрбаконд.

Чи у Рутен?

Абон Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хӕйттӕ баиу кæныны фæндæй ахсджиагдæр æнусы размæ уыд Кавказы æфцæгыл фæндаг айгæрдын. Ирыстоны дыууæ хайы 'хсæн фæндаджы арæзтад баст у Гаглойты Рутены номимæ.

Гаглойты Рутен уыд йӕ дуджы иууыл дзырддзæугæдӕр лæгтӕй сӕ иу. Уый сарӕзта Хуссар Иры рельефон картæ, рауадзын кодта Цхинвалмæ дон, фыста æмдзæвгæтæ, фæлæ сæйраджыдæр адæмы хъуыдыйы баззад куыд Ирыстоны дыууæ хайы хсæн фæндагаразæг. Хистæр кары адæмæй бирæтæ Ручъы тоннель ныр дæр хонынц Рутены тоннель.

© ВикипедияГаглойты Рутен
Рутен Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Рутен

Инженер 1937 азы 19 июлы ʻрцыд репрессигонд, йæ архайд та бирæ æзты дæргъы уыд рохгонд. 1987 рацыд йæ уацмысты æмбырдгонд "Намыс", 1988 азы мыхуыры фæзынд Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасӕн институты хистæр зонадон кусæг Бигъуылаты Иринайы чиныг Гаглойты Рутеныл. Зонадон кусæг сахуыр кодта инженеры цардвæндаг, Рутены чи зыдта, уыдонимæ ныхасгæнгæйæ æмæ архивты æрмæг æмбырдгæнгæйæ. 2011 азы чиныг ногӕй рацыд рауæрæхдæргонд æрмæгимæ.

Ахуыргонд нымайы, Ирыстонæн уый æппæт хорздзинæдты чи бацыд, ахæм гоймагæн ӕнӕмӕнг хъæуы саразын æцæг музей.

"Рутен стыр лæггад бакодта Ирыстонæн, йæ уд радта йæ райгуырæн бæстæйæн. Уыд ын стыр кад адæмы хсæн. Йæ сгуыхтдзинæдтæ нымад кӕд фӕуыдзысты! Ӕнæмæнг хъæуы Рутенӕн музей саразын, æрмæст хъуамæ куса ӕппынӕдзух ӕмӕ уа гом адæмæн", — радзырдта Бигъуылаты Ирина.

Цӕмӕн у ӕхгӕд Рутены музей

Инженеры бинонтӕн сæхи бафæндыд, цæмæй сæ кадджын дадайы номыл сырæза музей æмæ Дзауы районы Уанелы хъæуы сæ фыдæлты цæрæнуат радтой хицауадæн. Рутены фырты чызг Гагойты Бэлайы ныхæстæм гæсгæ, бинонтӕм ма цы æрмæг баззад сӕ фыдӕлӕй, уыдон хъахъхъæнынц æмæ сæ цæттæ кæнынц музейы æрбакондмæ.

"Нæ хæдзарæй музей саразыны хъуыды раразмæ кодтам 2011 азы. Уæд ныхас кодтам президент Кокойты Эдуардимæ, уый сразы ис нæ хъæппæрисыл. Бинонты фæндмæ гæсгæ, æппæт фыццаг уæладзыг — 6 хатæны — лæвæрд цæуынц музейæн. Дыккаг уæладзыгыл дыууæ стыр хатæны хъуамæ æрбакæной конференц-залтæ. Рутены бындар уæд нырма удæгас уыд æмæ аннæ дыууæ хатæны хицæн бацæуæнимæ та хъуамӕ баззадаиккой уымæн. Цӕмӕй иу кӕддӕрты йӕ фыдæлты хӕдзармӕ ссыдаит. Афтæ дзырд уыдыстæм уæды президентимæ", — радзырдта Бэла.

Чызджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хицауад рахицæн кодта финансон фæрæзтæ æмæ арæзт æрцыд музейы план-проект Рутенæн йæхи эскизмæ гæсгæ. Культурон объекты арӕзтад кӕронмӕ бахӕццӕ 2013 азы.

"Махмæ уӕдмӕ ʻрцыд зиæнттæ, амард мӕ фыд дӕр æмæ ацы хъуыддагмæ хъусдард нал аздæхтам. Уый адыл музей бакӕныны хъуыддаг рохуаты аззад", — банысан кодта уый.

Гаглойты Рутен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры домынц Ручъы тоннелæн Гаглойты Рутены ном раттын

Ныртӕккӕ та хицауад æмæ бинонты ʻхсæн нырма нæй бадзырд, кæцымæ гæсгæ бæстыхай хъуамæ ахиза культурæйы министрады дæлбармӕ. Бэллайы ныхæстæм гæсгæ, бинонтӕ бæллынц ацы музейы æрбакондмæ.

"Ис нæм æрмæг, кæцы адæтдзыстæм музеймæ. Хъахъхъæд æрцыдысты, Рутены куы æрцахстой æмæ фæнадтой, уæд ыл цы дарæс уыд, уый. Афтӕ ма йæ фыссæн чингуытæ, йæ рельефон картæ, фыстæджытæ æмæ ӕндӕртæ. Йæ бинойнагæн бирӕ цыдӕртӕ бантыст бамбӕхсын ӕмӕ бахъахъхъӕнын, æфцæгыл фæндаг саразыны фæдыл архивон æрмæг дæр сты мæнмæ æмæ уыдон се ‘ппæт дæр хъуамæ уой музейы", — зæгъы Бэла.

Проблемӕйы скъуыддзаг

Культурæйы министарды ног разамынад ныр бавнæлдта музейы хъысмæт аскъуыддзаг кæнынмæ. Министр Зассеты Жаннайы уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд сæрмагонд къамис, кæцы мæйы æмгъуыдмæ саргъ кæндзæн бæстыхайы уавæрæн æмæ уый фæстæ ӕркӕсдзӕн йӕ фидӕн аскъуыддзаг кӕныны фадӕттӕм.

"Къамис саргъ кæндзæн Рутены музейы бæстыхайы уавæрæн, цæмæй йæ уый фæстæ бахæссæм паддзахадон реестрмæ. Хъуамæ æмбæлон уагмæ æркæнӕм хӕдзары кæрт, цæмæй йæ къæсæрӕй чи бахиза, уый бамбара æмæ сæрыстыр уа, уыцы дуджы ирон адæмæн кæй уыд ахæм лæг. Рутены музеймæ бацæудзæн Хуссар Иры историйы егъау сыф æмæ мæ фæнды, цӕмӕй алцыдæр саразæм нывыл", — радзырдта Зассеты Жанна.

Ноджы ма Транскамы музей ӕмӕ Цырт фӕндагаразджытӕн

Культурӕйы министр Зассеты Жанна ныридæгæн архайы канд Рутены музей саразыныл нæ, фæлæ ма Транскамы музейы æрбакондыл дӕр.

"Рутены мысгæйæ мæнæн мæ зæрдыл æрлæууы уырыссаг кадæджы хъайтар Данко, кæцы йæ зæрдæйæ срухс кодта йæ адæмæн фæндаг. Æвзонг ма куы уыдтæн, уæд мын бынæттон цæрджытæ æвдыстой, Рутен йæхæдæг кæм къахта, уыцы бынат. Бӕллын, цæмæй мын бантыса саразын Рутены музей, Траскамы музей æмæ уым цы фæндагаразджытæ фӕмард сты, уыдонæн цырт. Абоны фæлтæртыл хæс ис, йæ цард мах тыххæй чи рауæлдай кодта, уымæн балæггад кæнын", — балхынцъ кодта Зассеты Жанна.

Ӕмӕ кӕй ном хъуамӕ хӕсса Ручъы тоннель

Ивгъуыд мæйы цæгатирыстойнаг дзыллон информацийы фæрæзтæ ныммыхуыр кодтой æнхъарæн Ручъы тоннелæн Хъæбæлоты Билары ном раттыны фæдыл. Хуссары ацы хъуыдыйы ныхмæ сарæзтой хъусинæгтæ. Ам нымайынц, дыууæ Ирыстоны ʻхсæн фæндаг айгæрдыны хъуыддаджы Рутены стыр хайбавæрд хынцгӕйӕ, тоннель кӕй хъуамӕ хӕсса йӕ ном.

Незавершенное строительство дома-музея Васо Абаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музей кӕй не сцӕттӕ, уый ныр та фӕцис боныгъӕды аххос

Хуссар Ир æмæ Цæгат Иры хсæн Ручъы тоннелы арæзтадмæ бавнæлдтой ивгъуыд ӕнусы 70-æм æзты, уæд проект æрæзт æрцыд Гаглойты Рутены проекты бындурыл, фæлæ йæм бахастӕуыд ивындзинæдтæ. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ кæд афтӕмæй йæ аргъ къаддæр рацыд, уæд Рутены проектмæ гæсгæ та уыдаит æдасдæр æмæ хуыздæр. 3730 метры дæргъæн тоннель уæды рæстæджы уыд иууыл даргъдæр Советон Цæдисы.

Ахуыргонд ӕмӕ Гаглойты Рутены тыххӕй чиныджы автор Бигъуылаты Ирина нымайы, зӕгъгӕ, кæд Ирыстоны ʻхсæн тоннель саразыны хъуыддаджы бирæтæ расгуыхтысты, уæддæр фыццаг уыцы хъуыддагмæ бавнæлдта Рутен, канд куыд инженер, афтӕ нӕ, фæлæ ма куыд саукусæг дӕр.

"Ивгъуыд ӕнусы 37 азы уый куыннæ ʻрцахстаиккой, уæд йæ хъуыддаг акодтаид кӕронмӕ. Хъыгагæн, ныры тоннель бынтон Рутены проектмæ гæсгæ нæ сарæзтой — уӕд уый уыдаид чысыл дарддæр, фæлæ хуыздæр. Ӕз афтæ нымайын æмæ тоннелы ном дæр æмбæлы Рутенмæ", — нымайы уый.

Ахӕм хъуыдыйыл хӕст ма сты хуссарирыстойнаг интелигенцийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ цӕрджыты фылдӕр хай.

Ног хабӕртты лентӕ
0