Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы промоутер загъта, кæй нымайы фаворитыл

Рафыссын
Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы финалмæ ахизыны тыххæй тохы Ирыстонæй чемпион фембæлдзæн кубинаг Дортикосимæ, дыууæ боксерты промоутер радта аргъ сæ шанстæн уæлахизмæ

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. IBF версимæ гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Мурæт æмæ WBA Regular титулы хицау кубинаг Юниер Дортикосы æхсæн тохы нæ уыдзæн фаворит, рингыл сæмбæлдзысты фыццаг уæззау уæзы дунейы дыууæ хуыздæр минæвары, хъусын кæны агентад Р-Спорт дыууæ боксерты промоутер Леон Маргулесы ныхæстæ.

Гасситы Мурæт æрыздæхт хæдзармæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт æрыздæхт хæдзармæ: Ирыстон куыд сæмбæлд чемпионыл

Хуыцаубоны Гасситы Мурæт арвыста нокауты WBC æмæ IBF верситæм гæсгæ чемпионы Кшиштоф Влодарчикы Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы ¼ хайы æртыккаг раунды дыккаг минутыл.

Мурæтæн уый ссис йæ фыццаг тох IBF версимæ гæсгæ фыццаг уæззау уæзы чемпионы титул бахъахъхъæныны фæдыл. Финалмæ ахизыны тыххæй уый фембæлдзæн Дортикосимæ, кæцы уый размæ арвыста нокауты æндæр уæрæсейаджы – Дмитрий Кудряшовы.

"Сæмбæлдысты дыууæ тыхджындæр боксеры æмæ æрыгон Мурæт сарæзта иттæг хорз цæф корпусыл. Влодарчик хъуамæ йæхæдæг райса скъуыддзаг йæ фидæны тыххæй. Фæлæ тохы фæстæ уый йе 'нæниздзинадæй нæ хъаст кодта. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы æхсæн тохы нæй фаворит, тохы бацæудзысты дунейы дыууæ тыхджындæр "крузеры". Сæ тох ацæудзæн январы, ныртæккæ цæуынц бадзырдтæ йæ ауадзыны бынатыл", — загъта Маргулес.

24-аздзыд Гасситы Мурæт профессионалон рингыл ауагъта 25 тохы æмæ 25-æй дæр рахызт уæлахиздзауæй, уыдонæй 18 балхынцъ кодта æмгъуыдæй раздæр.

Боксы æппæтдунейон суперсерийы турнир æрбайгом ацы аз сентябры æмæ кæронмæ бахæццæ уыдзæн 2018 азы майы. Йæ призон фонд уыд 50 милуан доллары. Уымæй дарддæр ма турниры уæлахиздзау райсдзæн Мухаммед Алийы номыл трофей.

Ног хабӕртты лентӕ
0