Барселонæйы æрбайгом Хуссар Ирыстоны минæварад

© МИД РЮОБарселонæйы æрбайгом Хуссар Ирыстоны минæварад
Барселонæйы æрбайгом Хуссар Ирыстоны минæварад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Минæварады офисы æрбайгом ратдзæн фадат срæвдз кæнын дыууæвæрсыг бастдзинæдтæ гуманитарон æмæ культурон къабæзты

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) минæварады офис æрбайгом ис Барселонайы, фехъусын кодтой Sputnik ведомствæйы пресс-службæйы.

Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медойты Дмитрий фæуазæг Италийы регионмæ референдумы рæстæджы

Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы сæргълæууæг Медойты Дмитрий ис цыбырæмгъуыдон кусæгон балцы Каталонийы.

Поресс-службæйы банысан кодтой, минæварады офисы æрбайгом кæй ратдзæн фадат срæвдз кæнын дыууæвæрсыг бастдзинæдтæ гуманитарон æмæ культурон къабæзты.

Медойты Дмитрий фембæлд Каталонийы ирон диаспорæйы минæвæрттимæ, кæцытæ дæрддзæгмæ æнæкæсгæйæ нæ сафынц сæ райгуырæн бæстæимæ тæгтæ, цымыдис кæнынц йæ цардмæ æмæ хæссынц сæ хайбавæрд Хуссар Ирыстоны тыххæй рæстаг информаци парахат кæныны хъуыддагмæ Ныгуылæны.

Ныхасы рæстæджы ведомствæйы сæргълæууæг банысан кодта, Каталонийы цæуæг цаутæм Хуссар Ирыстон кæй дары уæлдай хъусдард.

"Дыууын æхсæз азы размæ хуссарирыстойнаг адæм сæхæдæг дæр сарæзтой ахæм ахсджиаг политикон къахдзæфтæ сæ паддзахаддзинады рæзты фæндагыл", — загъта Медойты Дмитрий.

Ног хабӕртты лентӕ
0