Аив дзырды дæснытæ: Цхинвалы фæбæрæг сты Нафи æмæ Грисы премиты лауреаттæ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы фæбæрæг сты Нафи æмæ Грисы премиты лауреаттæ
Цхинвалы фæбæрæг сты Нафи æмæ Грисы премиты лауреаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джусойты Нафийы преми ныр лæвæрд цæуы дыккаг хатт, ацы аз жюрийы уæнгтæ преми саккаг скодтой Абайты Эдуард, Кокойты Эльза æмæ Джигкайты Бэлайæн

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Цхинвалы фæбæрæг сты ирон аив дзырды дæсныты нæмттæ — Джусойты Нафи æмæ Плиты Грисы литературон премиты лауреаттæ ссисты зынгӕ литературон архайджытӕ, студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ. Сæрмагонд жюри равзæрста фæйнæ æртæ адæймаджы дыууæ премийы дæр.

Жюрийы фæндонмæ гæсгæ, премийы фыццаг бынат райста Абайты Эдуард. Литературон премийы фыццаг къæпхæны лауреаты схорзæхджын кодта президент Бибылты Анатолий.

"Уæлдай æхсызгон мын у ам хорзæх райсын, уымæн æмæ кæд Алагиры райгуырдтæн, уæддæр мæ уидæгтæ Хуссар Ирæй сты. Нафи нын цы диссаджы бынтæ ныууагъта, уыдонæн нырма саргъ кæнын хъæуы. Фыдæлты фарнæй фæцæрæн нæй æмæ не ʻппæт дæр Нафийы фарнмæ фарнæфтауæг уæм", — загъта Абайты Эдуард.

Дыккаг бынат бацахста Кокойты Эльза, æртыккаг бынат та радтой Джыгкайты Бэлайæн.

Дыууæ премийы лауреатты хорзæхкæныны цытджын церемони æрбакодта кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд"-ы хор. Уый фæстæ ныхасы рацыд хæрзаудæн фонд "Амонд"-ы сæргълæууæг Челехсаты Хъазбег. Уый банысан кодта, преми имæйаг кæй у Ирыстонæн, жюрийы скондмæ дæр бацыдысты литературон архайджытæ Ирыстоны дыууæ хаййæ.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы фæбæрæг сты Нафи æмæ Грисы премиты лауреаттæ
Цхинвалы фæбæрæг сты Нафи æмæ Грисы премиты лауреаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/6
Цхинвалы фæбæрæг сты Нафи æмæ Грисы премиты лауреаттæ

2/6

3/6

4/6

5/6

6/6

Ацы аз ма фыццаг хатт лæвæрд æрцыд Плиты Грисы номыл преми дæр.

"Нафи нын у иумæйаг хуссарæн æмæ цæгатæн, жюрийы сконд дæр арæзт у цæггаттæгтæй æмæ хуссайрæгтæй. Плиты Грис та у Къостайы фæстæ иууыл хуыздæр поэт Ирыстоны, афтæ йæ нымадтой Джыккайты Шамил æмæ Нафи дæр. Абон Плиты Грисы номыл премитæ фыццаг хатт ратдзыстæм дыууæ студент æмæ иу ахуыргæнæгæн", — загъта фонды къухдариуæггæнæг.

Зынгæ поэты номыл премийы лауреаттæ ссисты ХИПУ ирон филологийы дыууæ студенты Цыбырты Анжела æмæ Хацырты Альбина, афтæ ма ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Козаты Ирина.

Хæрзаудæн фонды хæрдзтæй ма мыхуыр æрцыд литературон премийы конкурсы архайæг, скъоладзау Бестауы Аланæйы æмдзæвгæты чиныг. Ӕмбырдгондмæ бацыдысты 57 æмдзæвгæйы.

Хӕрзаудӕн фонд "Амонд" Джусойты Нафийы номыл æрвылазон аив литературон конкурс фыццаг хатт расидт 2015 азы кӕрон. Фонд сарæзта РХИ хицауады раздӕры сӕрдар Хуыгаты Ростик.

Ног хабӕртты лентӕ
0