ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг æрыгон богал Бестауты Андрей уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы фыццагадæй æрхаста æвзист майдан, фехъусын кодта спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы фыццагад æрыгæтты ʻхсæн цыд Мæскуыйы областы горæт Чеховы. Цхинвалæй дзы архайдтой цыппар лæппуйы. Бестауты Андрей ерысты архайдта 100 кг уæзы категорийы.
"Не спорстментæй алкæцымæ дæр æнхъæлмæ кæстæн иууыл къаддæр æртыккаг бынатмæ. Ӕвзист райста æрмæстдæр Бестауты Андрей, хорз фадæттæ ма уыд Зассеты Азæмæт æмæ Дзæгъиаты Сосланæн, фæлæ кæройнаг тохы Сослан фембылд. Зассеты Азæмæт æмбылдта йæ ныхмæлæууæг мæхъæлон лæппуйы 8:4 хыгъдæй, фæлæ се ʻхсæн рацыд загъд æмæ сæ систой ерыстæй", — радзырдта сæ тренер.
Коцты Тамерлан ма бафтыдта, Бестауты Андрей фыццаг хатт кæй архайдта æппæтуæрæсейон æмвæзады ерысты, куыд 100 кг уæзы Цæгат Ирыстоны фыццагады уæлахиздзау.