Адæмон парти Дьяконты Амираны фæнæмыны тыххæй: инцидентæн уыд заказгонд бындур

© Sputnik / Natalia AiriyanДьяконты Амиран
Дьяконты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дьяконты Амираны æмпартионтæ домынц, цæмæй Хуссар Ирыстоны МХМ-ы сæргълæууæг бамбарын кæна депутаты фæнæмыны инциденты аххосæгтæ

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik, Козаты Диана. Адæмон парти банхъардта парламентмæ æрбахонын Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) сæргълæууæджы, цæмæй уый фехъусын кæна парламентаритæн, цы архайд кæнынц барадхъахъхъæнæг органтæ адæмон партийы депутат Дьяконты Амиранимæ инциденты равзæрсты фæдыл. 

Сентябры кæрон Дьяконты Амираны æрурæдтой МСНК-ы кусджытæ æмæ йæ фæнадтой. Фæстæдæр депутат сарæзта хъусынгæнинаг уый фæдыл, æрцæугæ инцидент схуыдта "йæ ныхмæ æмæ Хуссар Ирыстоны МСНК-ы патриотикон ахастимæ офицерон сконды ныхмæ нысанмæздæхт провокаци".

"Ӕрцыд резонансон цау – фæнадтой парлементы депутат Дьяконты Амираны æмæ хицауады æрдыгæй ницы реакци уыд. Уый фæдыл ницы мадзæлттæ ист цæуы, темæ сæхгæдтой, алчидæр басабыр ис. Адæмон парти банхъæлмæ каст сессимæ, цæмæй иумæ æруынаффæ кæнæм ацы фарстыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, депутатон корпус хъуамæ исты аскъуыддзаг кæна уый фæдыл, уымæн æмæ законы ис фыст, депутатæн кæй ис нæфæцагайгæдзинад", — загъта парламенты рабадты рæстæджы адæмон партийы лидер Плиты Александр.

Уый бахаста æнхъарæн, цæмæй профилон комитет æрбахона мидхъуыддæгты министры уавæр бамбарын кæнынæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ис тынг бирæ нюанстæ ацы инциденты, кæцытæ хъæуы раргом кæнын. Плиты Александ бахахх кодта, æрцæугæ уавæрæн кæй уыд æппæрццаг æндæвдад закондæттæг хицауадыл æмæ "йæ алчидæр хорз æмбары".

Дьяконты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мидхъуыддæгты министрад сарæзта комментарий Дьяконты Амиран æмæ МСНК-ы æхсæн инцидентæн

"Ӕппындæр ницы дызæрдыгдзинад ис, инцидентæн кæй уыд заказгонд бындур. Уымæ гæсгæ махмæ сæвзæрд тынг бирæ фарстытæ æмæ нын мидхъуыддæгты министрад радтæт дзуаппытæ. Цы мадзæлттæ исынц ныртæккæ тыхон структурæтæ, уый мах нæ зонæм, фæлæ нæ фæнды, цæмæй уавæрмæ йæ хъус æрдара парламенты закондæттынад, закондзинад æмæ бынæттон хæдуынаффæйады фæдыл комитет", — загъта депуат.

Спикер Гасситы Петр банысан кодта, æппындæр кæй ницы хицæндзинад ис, ахæм уавæры цы партийæ депутат бахауд, уымæн æмæ дзырд цæуы закон фехалыныл.

"Сымах зорз хъуыды кæнут, ацы хабар куы æрцыд, уæд æз загътон, реакци кæй уыдзæн. Фæнды мæ банысан кæнын, ахæм инциденттæ кæй ссисты æнæзæдæмæдзæугæ традици, уыд бынат парти "Иугонд Ирыстон"-ы депутаты ныхмæ æнæзаконон архæйдтытæн дæр", — загъта уый.

Гасситы Петр ма бафтыдта, парламентæн кæй уыдзæн реакци, "уымæн æмæ никæмæн ис бар депутаттæм æвналын, ахæм прецеденттæ сты æнæрайсгæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0