Дзæуджыхъæуы уагъд цæуы ирон адæмы уанел

© Газета "Слово"Дзæуджыхъæуы уагъд цæуы ирон адæмы уанел
Дзæуджыхъæуы уагъд цæуы ирон адæмы уанел - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Ирæтты уæлдæр совет" Дзæуджыхъæуы æрæмбырд кодта 700 адæймаджы бæрц Уæрæсейы бирæ регионтæ æмæ æндæр бæстæтæй

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Ирон адæмы æнæрадон съезд æрбайгом кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав, кæцы рахызт трибунæмæ сæрæй къæхты бынмæ ирон националон дарæсы кондæй, хъусын кæны мыхуыры фæрæз "Слово".

Иры Стыр Ныхас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сфидар кодтой "Стыр ныхас"-ы уанелмæ делегатты сконд æмæ сæйраг фарстытæ

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг равдыста ныфс, съезды кæй уынаффæ кæндзысты ахсджиаг фарстытыл, "цæмæй адæммæ ма æвзæра быцæудзинæдтæ æмæ æнæмбарынад". Йæ раныхасы кæрон уый æрхаста Къостайы æмдзæвгæйæ иу рæнхъ "Цæйут, æфсымæртау, раттæм нæ къухтæ".

Битарты Вячеслав банысан кодта, ирон æвзаг, традицитæ æмæ культурæйы бахъахъхъæд кæй у нæ адæмы раз лæууæг хæслæвæрдтæй иу. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнгæй хъæуы æрыгон фæлтæры фарсмæ балæууын, се ′нтыстытæ сын нысан кæнын, фæсивæдæн фæзминаг дæнцæг æвдисын.

Мадзалы куысты хайад райсдзæн рсепубликæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, афтæ ма Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Ирæтты уæлдæр советы IX съезды нысан у алы регионты цæрæг ирæтты раз лæууæг актуалон проблемæтыл уынаффæ, афтæ ма иумæйаг националон змæлды дарддæры куысты реорганизаци æмæ организацийы ног Координацион советы æрзæрстытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0