ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕддагон разысгарджыты службæйы(ӔРС) куыст арæх ратты фадат Гуырдзыстоны æрдыгæй къахдзæфтæй республикæ сæдас кæнын, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий ӔРС-мæ йæ сырæзтыл 14 азы сæххæсты боны бацыды рæстæджы.
"Сымах цы оперативон куыст кæнут, уый иу æмæ дыууæ хатты нæ радта фадат Гуырдзыстоны æрдыгæй къахдзæфтæн кæрон скæнын. Нæ дызæрдыг кæнын, уæ архайд дарддæр дæр кæй уыдзæн ахъаз Хуссар Ирыстоны æдасдзинад ифтонг кæнынæн", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Президент загъта, республикæйы иттæг хорз кæй зонынц "Гуырдзыстон ныры онг дæр кæй нæ разы кæны тыхæй ма спайда кæныны фæдыл меморандум бафыссын, афтæ ма сразы уой нæ республикæй кæй у хæдбар æмæ фактон æгъдауæй никуы уыд Гуырдзыстоны хай".
Ӕмрæстæджы Бибылты Анатолий бахахх кодта, республикæ кæй у цæттæ Гуырдзыстонимæ политикон æмæ экономикон æмахастытæ аразын, фæлæ уый тыххæй хъæуы сæххæст кæнын бæлвырд домæнтæ, кæцытæй иу у тыхæй ма спайда кæныны фæдыл меморандумы бафыст.
ӔРС-йы къухдариуæггæнæг Уарзиаты Алексей кусджыты номæй раарфæ кодта президентæн бакæнгæ æууæнк æмæ алывæрсыг æххуысы тыххæй.
Фембæлды кæрон службæйы кусджытæй цалдæрæй райстой президенты къухтæй РХИ паддзахадон хорзæхтæ.