ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сылгоймæгты футбол æнцой кæны 25 чызгыл. Æрыгон фæсивæд бæллынц сæ райгуырæн бæстæ æмæ сæ тренеры ном дард айхъусын кæнынмæ, сæхæдæг та фидæны цхинвайлаг клуб "Барсалантæй" испайнаг "Барселона"-мæ ахизын.

Чызг-футболисттæ нырма сæхицæн саразын кодтой футболы секци æмæ æрвылизæр футболы скъола "Фæранк"-ы фæзуаты згъорынц иу пуртийы фæдыл. Ӕрыгон фæсивæдмæ ис дардцæуæг фæндтæ – спортивон кадмæ бæллæг чызджытæ Уæрæсейы æмбырдгондмæ нæ тырнынц, фæлæ сæ сæнтты ис клуб "Барселона" хъазæг суæвын.
Хуссар Ир спорты фæстаг æзты кæны ног сыфтæ, чызджытæ ныггуылф кодтой æнусы дæргъы нæлгоймæгтæ цы ран æлдариуæг котой, уыцы секцитæм. Футболы тренер Кокойты Юрий чызджыты æфсæрст нæ бафæрæзта æмæ дæргъвæтин гуызавæйы фæстæ чызджыты райста цæттæ кæнынмæ.

ц
"Чызджытæн секци официалон æгъдауæй нæй. Мæ бинонтæ мæ неʻмбарынц, мæ сæрибар рæстæг дæр кусгæйæ цæмæн æрвитын. Фæлæ сæ тынг фæнды, мæ сын цы бакæнон. Футболы скъола "Фæранк" дæр нæ уавæрмæ кæсгæйæ, бауагътой сæ фæзуатмæ цæттæ кæнынмæ. Ныфсытæ æвæрæм нæхицæн, ацы къордæн цавæрдæр статус ратдзысты æмæ нæ искуы сфидар кæндзысты, уымæн æмæ нырма стæм уæлдæфы", — зæгъы сæ тренер.
Чызджытæ сæхи ʻхсæн равзæрстой лидеры. Уыдон сæхæдæг Хуссар Иры иууыл курдиатджындæр чызг-футболистыл нымайынц Цхуырбаты Линайы. Командæйы капитаны хыгъды ныридæгæн дæр ис 100 голы бæрц æмæ йæ ных сарæзта Испанийы клуб "Барселона"-мæ.
"Уырысы хъазын дæр хорз у, фæлæ мæнæн мæ уарзон клуб у "Барселона". Махæн нæ лæппуты клуб хуыйны "Барсалан", мах дæр ацы ном райсдзыстæм æмæ уыдзыстæм "Барсаланкæтæ". "Барсалантæй" "Барселонамæ" цас ис, æмзæл нæмттæ сын ис, чизоны мын бантыса мæ уарзон къордæй мæ бæллиццаг клубмæ бахауын", — дзуры йæ фæндтæ чызг.
Футболыл ма æнувыд у Нина Гогидзе. Чысыл цæрдæг чызг фыццаг бакодта фæндаг чызджытæн футболмæ. Йæ бæллицимæ разы не ʻсты бинонтæ. Мад чызджы нæ уадзы секцимæ, фæлæ æрхъуыдыджын чызг бадзырд сарæзта йеʻфсымæримæ.
"Нæ мæ уагъта мæ мад, æз меʻфсымæрæн ныллæгъстæ кодтон æмæ уый сразы ис цæмæй цæуон футболмæ. Ныр мæ мад хъуыды кæны æз дæн музыкæйы урокыл æз та згъорын хъазты", — зæгъы чызг.

Тренеры фæнды ис чызджыты къорд æрбалæугæ азы сæ фыццаг ерыстæм акæнын.
"Чызджыты цæттæ кæнынæн дæр ис йæхи уæлидзинад, уыдон тагъддæр размæ цæуынц æмæ сын ис спортмæ хуыздæр ахаст. Марты мæ фæнды акæнын чызджыты Дзæуджыхъæумæ. Футболы дæр травмæтæй тæссаг у æмæ сын хъæуы самал кæнын сæрмагонд дарæс, уарттæ æмæ æндæр æрмæг ", — загъта тренер.
Цхинвайлаг чызджытæм æрбамбал сты уæрæсейаг æфсæддонты зæнæг дæр, кæцытæ нырмæ хъазыдысты сæхи горæтты.
Ныридæгæн чызджытæн фæзынд сæхи фанаттæ дæр, кæцытæ сæ хъус дарынц сæ хæларадон хъазтытæм æмæ тренировкæтæм.