ЦХИНВАЛ, 1 ноя— Sputnik. Уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан æмæ дзюдойæ Европæйы кубокы призер Бетанты Алан райсдзысты хайад Фыццаг каналы ног проект "Хъайтарты дугъты", хъусын кæны Ossetia News.
Ирон спортсментæ равдисдзысты сæ арæхстдзинад бынтон ног амплуайы – бæлвырд рæстæгмæ уыдон хъуамæ рацæуой вазыгджын дистанци.
"Уый мæнæн у ног фæлтæрддзинад, ног къæпхæн. Проекты ма хайад райста нæ дзюдоист Бетанты Алан, бирæтимæ дзы базонгæ дæн проектæн йæхимидæг. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, цыфæнды цæттæ спортсменæн дæр йæ бон хъуамæ уа рацæуын "Хъайтарты дугътæ". Фæлæ мæ проектæй фæнды райсын сæйраджыдæр æхцондзинады максимум", — загъта Рæмонаты Сослан.
Проекты хайадисджытæ суыдзысты æрмæст номдзыд спортсментæ нæ, фæлæ ма шоу-бизнесы стъалытæ.