ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты комплексы арæзтады рæстæджы æрцæугæ цауы уавæр сгары генералон прокуратурæ, зианбаййафæг аразджытæй иуы Цæгат Ирыстонмæ арвитыны фарст скъуыддзаг кæны Республикон соматикон рынчындоны дохтырты къорд.
Дыццæджы фæссихорты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты комплексы арæзтады дыууæ кусæджы рахаудтой бæстыхайы сис ахурыны рæстæджы. Дыууæ адæймаг дæр сты Таджикистаны æмбæстæгтæ.
"Ныридæгæн скъуыддзаг цæуы уголовон хъуыддаг бакæныны фарст, нæ кусджытæ уадзынц слестагъоммæ басгæрст. Нысан æрцыд трасологион экспертизæ æмæ уый хатдзæгты фæстæ конд æрцæудзæн уголовон хъуыддаг", — загъта Sputnik генералон прокуроры фыццаг хæдивæг Битеты Сергей.
Дыууæ аразæджы уавæр у стабилон. Зианбаййафджытæй иу райста уæззау сæры магъзы травмæ, скъуыддзаг цæуы Цæгат Ирыстонмæ йæ арвитыны фарст.
"Дыууæ аразæджы дысон фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Иуæн дзы ис æхгæд сæры магъзы травмæ, ныридæгæн дæр ис реанимацийы, фæлæ йæ уавæр фæхуыздæр ис. Ныридæгæн скъуыддзаг цæуы ЦИ рынчындонмæ йæ арвитыны фарст. Дыккаг аразæгæн ис рагъыстæджы иу хъулы компрессион цъæл, цæуынц хоскæнæн процедуратæ", — загъта радгæсон дохтыр, травматолог Константин Серветник.