Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг базонгæ ис йæ коллегæтимæ Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянВиталий Раднаев
Виталий Раднаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Виталий Раднаев æрлæууыд Sputnik Хуссар Ирыстоны сæргъ 2017 азы октябры

ЦХИНВАЛ, 1 ноя— Sputnik, Козаты Диана. Мультимедион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны ног къухдариуæггæнæг Виталий Раднаев йæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ фембæлды рæстæджы Sputnik пресс-центры радзырдта йæхи тыххæй æмæ райхæлдта йæ нывæзттæ агентады райрæзты фæдыл.

Офис Sputnik Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik Хуссар Ирыстоны ног къухдариуæггæнæг фембæлдзæн ДИФ-ы минæвæрттимæ

Раднаев æрлæууыд Sputnik Хуссар Ирыстоны сæргъ 2017 азы октябры.

"Райгуырдтæн Бурятийы, цы ран каст фæдæн скъола иттæг хорз нысæнттимæ. 2002 азы бацыдтæн ахуыр кæнынмæ МПУ-мæ, сахуыр кодтон журналисты дæсниад. Мæ царды фылдæр рæстæг куыстон радиойы. Фæстаг цалдæр азы кусын информацион сайттыл", — загъта Раднаев.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый куыста ВГТРК-йы холдингтæй алкæцы радиостанцийы дæр, куыста радио "Маяк"-ы уацхæссæгон хызæджы, куыста Вести-FM, Радио Россиийыл. Ӕртæ азы Раднаев куыста Sputnik шеф-редакторæй Мæскуыйы, цæй фæстæ нысангонд æрцыд Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæгæй.

Уый радзырдта сæрибар рæстæджы кæй уарзы гитарæйыл цæгъдын, кæсын, футболæй хъазын.

Sputnik Хуссар Ирыстоны райрæзты фæдыл нывæзттыл дзургæйæ, уый банысан кодта, фыццаджыдæр йæ хъусдард кæй аздахдзæн сайты ирон версимæ.

"Фæнды нæ фæфылдæр кæнын сайты кæсджыты нымæц. Уый тыххæй æрбайгом уыдзысты сæрмагонд проекттæ кæсджыты бæлвырд къордæн. Уырыссаг версиимæ дæр бахъæудзæн стыр куыст бакæнын – фæхуыздæр уыдзæн уацтæ ныффысыны гъæд – уыдон суыдзысты ирд æмæ рæсугъд", — загъта уый.

Стыр ныфсытæ ног къухдариуæггæнæг æвæры радиойыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, тагъд рæстæджы радио Sputnik цæудзæн комкоммæ эфиры Хуссар Ирыстоны.

Проект Осетия на вкус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Проект "Ирыстоны ад" райдыдта Sputnik-ыл

Уый ма загъта, кæй нывæнды бакæнын Журналистикæйы скъола æмæ ацы предмет Sputnik Хуссар Ирыстоны амонын, цæй фæдыл банхъардта бынæттон журналисттæм проекты хайад райсын.

Хуссарирыстойнаг коллегæтæ бацымыдис кодтой, цы зыдта Раднаев Хуссар Ирыстоны тыххæй йе ′рцыды размæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый активонæй парахат кодта информаци 2008 азы конфликты тыххæй, уыдис консультацитæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ, уымæ гæсгæ "республикæмæ æрцыд бæлвырд багажимæ".

Уый ма банысан кодта, кæй кусдзæн Sputnik Хуссар Ирыстоны раздæры къухдариуæггæнæг Нарек Ордян цы куыст бакодта, уый размæцыдыл æмæ загъта уый кæй бакодта иттæг хорз куыст.

"Уый бакодта тынг стыр куыст, ныууагъта хорз фæзуат. Уый бахардз кодта бирæ тыхтæ ацы куысты", — загъта Раднаев.

Ног хабӕртты лентӕ
0