ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Александр Невскийы аргъуаны арæзтад Дзæуджыхъæуы адарддæр уыдзæн февралы, хъусын кæны Ossetia News Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Леониды ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.
Цæгат Кавказы иууыл стырдæр рæстдинон аргъуаны арæзтадæн бындур æвæрд æрцыд фондз азы размæ Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты. Арæзтадон куыстытæ хъуамæ фæуыдаиккой 2014 азы, фæлæ арæзтадон организаци кæй фæивтой, уый аххосагæй куыстытæ ныффæстиат сты.
Компанийы ног къухдариуæгад Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Леонидæн ныфс радтой, февралы арæзтадон куыстытæ кæй сног кæндзысты.
Епископ банысан кодта, хъæдын аргъуаны арæзтад сывæллæтты хæдзар-интернаты территорийыл фæуыдзæн ацы аз.
"Кæронмæ фæхæццæ кæны станица Николаевскаяйы аргъуаны арæзтад. Хуыцаумæ скуывдтæ райдыдтой апостолтæ Петр æмæ Павелы номыл аргъуаны Элхотты. Ацы кувæндон рагæй цæуы арæзт, кæд нырма бынтон цæттæ нæу, уæддæр йæ бон у куса куыд динон объект", — загъта епископ.