Цæгат Ирыстоны ацæудзæн "Аивæдты æхсæв"

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæРавдыст
Равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕппæтуæрæсейаг акцийы рæстæджы, Цæгат Ирыстоны музейтæ равдисдзысты экспозицитæ, кæцытæн фенæн уыдзæн æрмæстдæр иу боны мидæг.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны музейтæ радон хатт æрбамбал уыдзысты æппæтуæрæсейаг культурон-ахуырадон акцимæ — "Аивæдты æхсæв-2017", хъусын кæны газет "Слово".

Акцийы хайад райсдзысты республикæйы культурон уагдæтты фылдæр хай, кæцытæ нывæндынц æрдæгæхсæвы онг æрбацæуджыты æнæаргъæй уадзын.

Куыд ацыд Музейты æхсæв Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд ацыд "Музейты æхсæв" Хуссар Иры

Акци "Аивад иу кæны"-йы девиз æмæ концепци у музей æмæ æрбацæуæджы æхсæн дистанци фæкъаддæр кæнын. Ацы аз акцийы бындурон мадзæлттæ нывонд уыдзысты Уæрæсейы уагъд цæуæг Экологийы азæн, афтæ ма революцийы 100 азæн æмæ Адæмон иудзинады бонæн.

Республикæйы музейтæ иууылдæр æрбайгом кæндзысты сæ дуæрттæ аивадуарзджытæн. Акцийы хайадисджытæ суыдзысты цымыдисон мадзæлттæ æмæ равдыстты æвдисæнтæ, кæцыты фылдæр хай музейты программæмæ бахаст æрцæудзысты æрмæстдæр иу æхсæвмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0