Сывæллæтты сфæлдыстады галуан фæзындзæн Дзауы поселочы

© Пресс-служба Дзауской администрацииДворец детского творчества в Дзау
Дворец детского творчества в Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног агъуысты ма æрбынат кæндзысты музыкалон скъола æмæ библиотекæ

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы поселочы æрæвнæлдтой Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны арæзтадмæ, уый тыххæй Sputnik фехъусын кодтой районы администрацийы пресс-службæйы.

Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан ныппырх 1991 зæххæнкъуысты рæстæджы.

"Бæстыхайы арæзтадмæ æрæвнæлдтой 10 боны размæ. Уæды онг коллектив куыста вагæтты. Аразджытæ ныфс æвæрынц, бæстыхай агъуысты бын фæкæнын Ног азмæ", — загътой пресс-службæйы.

Ног агъуысты ма æрбынат кæндзысты скъола æмæ библиотекæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0