ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Таможнæйон пункт баконд æрцæудзæн Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæныл республикæйы Ленингоры районы, фехъусын кодта пресс-конференцийыл Цхинвалы таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт.
Уый бафиппайдта, таможнæ кæй кусдзæн фæрогдæргонд уадзæн пункт "Раздæхæн"-ы, ацы къахдзæф ист цæуы Гуырдзыстонæй æрбаласгæ продукцийы гъæд æмæ гуырахсты контролы нысанæн.
Ведомствæйы сæргълæууæг фехъусын кодта, Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункт бакæныны хъуыды кæй фæзынд Гуырдзыстонæй æрбаласгæ продукцийы лæмбынæг мониторингы фæстæ, кæцытæн ныры онг хъалон фыст нæ цыд.
"Пост бакæныны фадат ахуыр цæуы æрбаласгæ продукцийы гъæд æмæ гуырахсты контролæн. Ӕрбаласгæ базайрæгтæн дæргъвæтин æзты фыст нæ цыд хъалон", — загъта Мурæт.
Уый бамбарын кодта, ног таможнæйон пункт бакæныны фæдыл æппæт æнæмæнгхъæуæг документаци ныртæккæ кæй ис æрæмдзыхы æмвæзадыл паддзахадон органтæм.
Цхуырбаты Мурæт ма фехъусын кодта журналисттæн, Гуырдзыстонæй æрбаласгæ продукцийыл дæр æвæрд кæй цæудзæн ахæм таможнæйон фиддонтæ, куыд "Уæллаг Рукъ"-ы пунктыл.
Ленингоры районы цæрджытæн ис бар Гуырдзыстонæй фæрогдæргонд уадзæн пункт "Раздæхæн"-ыл иу адæймагæн 50 кг уаргъ æрбаласын. Раздæр, арæнхъахъхъæнджытæ радзырдтой Sputnik уацхæссæгæн, "уыдонæн кæй нæй бар уаргътæ барын, уымæн æмæ уый у таможнæйон органты хæс".