Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр фæуазæг уыдзæн Хъырыммæ

© Sputnik / Сергей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæРегионы России. Крым
Регионы России. Крым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъырымы хæлæртты æхсæнадæмон форум ацæудзæн Ялтайы 6-7 ноябрs

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий райсдзæн хайад Хъырымы хæлæртты форумы. Уый тыххæй РИА Новостийæн фехъусын кодта хъырымаг хицауады вице-премьер, УФ президенты цур Республикæ Хъырымы иудадзыг минæвар Георгий Мурадов.

Уыимæ иумæ уый бамбарын кодта, конкретон хайадисджыты тыххæй информаци барæй кæй нæ мыхуыр кæнынц, "уымæн æмæ украинаг фарс исы егъау мадзæлттæ ныгуылæйнаг институтты æххуысæй, цæмæй бандавой, махмæ цы адæм æрцæудзысты форуммæ, уыдоныл".

"Сирийæ нæм, зæгъæм, æрцæудзæн ахуырады министр, Хуссар Ирыстонæй æрцæудзæн фæсарæйнаг хъуыддæгты министр. Ӕз нæ тæрсын ацы адæмы нæмттæ дзурын. Уыдон сты нæ хæлæрттæ, æмæ нæм нæ хæлæрттæ та æрцæудзысты", — фехъусын кодта Мурадов.

Хъырымы хæлæртты æхсæнадæмон форум ацæудзæн Ялтайы 6-7 ноябры. Мадзалы хайад райсдзысты 90 фæсарæйнаг делегаты бæрц, уый нымæцы Китай, Болгари, Греци æмæ Францæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0