ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Стадион "Лужники"-йы спортивон аренæйыл ацыд митинг-концерт "Уæрæсе иу кæны", цы ран хайад райста ирон делегаци дæр УФ президенты цур Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæварады хистæр Дзанайты Борисы сæргълæудæй, хъусын кæны РХИ-Аланийы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
"Республикæйы æххæстбарджын минæварады кусджытæ, Мæскуыйы уæвæг республикæйы фæсивæдон минæварады активисттимæ æмæ мæскуыйаг уæлдæр ахуырадон уагдæтты Ирыстонæй цы студенттæ ахуыр кæнынц, уыдонимæ иумæ айтынг кодтой авдметрон ирон тырыса", — дзырдæуы хъусинаджы.
Стыр спортивон аренæйы алыварс гом фæзуæттыл æвæрд уыдысты Уæрæсейы адæмты къæбицты мини-фестивальтæ, адæмон къухдæсниадтæ, националон æнæолимпиаг спорты хуызтæ. Тематикон фæзуæттыл ацыдысты Уæрæсейы адæмты æфсæддон аивæдты дæсныты равдысттæ, æвдыст æрцыдысты националон культурæ æмæ сфæлдыстад.