Эксперттæ Каталонийы тыххæй: регионы банымад нæ ратдзæн бонустæ Хуссар Ирæн

© Sputnik / Наталья АйриянӔрыгон политологты клубы рабадт
Ӕрыгон политологты клубы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны æрыгон политологты клубы хайадисджытæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, хуыздæр уаид лæмбынæг хъус аздахын паддзахады мидæг проблемæтæм

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Уалыты Диана. Каталонийы хæдбардзинады сæрыл тохæн ис фылдæр политикон æмæ экзистенционалон нæ, фæлæ экономикон нысаниуæг. Уымæ гæсгæ йæ Хуссар Ирыстонимæ иу барæнæй нæй гæнæн барын, банысан кодта фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан æрыгон политологты клубы рабадты рæстæджы.

"Каталонийы банымад Хуссар Ирыстонæн ницы бонустæ ратдзæн. Йæ банымадæй мах нæдæр æмбулгæ ракæндзыстæм, нæдæр æмбылд фæуыдзыстæм. Хуыздæр уыдзæн лæмбынæг хъус аздахын паддзахады мидæг проблемæтæм æмæ кусын нæ адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæныныл. Ацы темæтæ хъуамæ уой республикæйы мидæг дискусситы сæйрагдæр темæ", — загъта уый.

Политикон зонæдты кандидат Плиты Сослан сразы ис Коцты Аланимæ æмæ банысан кодта, раст кæй нæу Хуссар Ирыстон Каталониимæ барын.

© Sputnik / Наталья АйриянӔрыгон политикты клубы рабадт
Первое заседание Клуба молодых политиков. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрыгон политикты клубы рабадт

Плиты Сосланы хъуыдымæ гæсгæ ма Хуссар Ирыстон мацы къахдзæфтæ хъуамæ араза Каталонийы фарсмæ балæууынæн.

"Мах стæм æрыгон паддзахад æмæ ма хъуамæ тагъд кæнæм дзырддаг территоритæ банымайыныл. Уыдæттæ фидæны махæн гæнæн ис æмæ суой стыр проблемæ. Зæгъæм, Ленингоры районы цæрынц гуырдзиæгтæ, кæцытæ теоретикон æгъдауæй ис гæнæн æмæ спайда кæной ахæм барæй æмæ ауадзой референдум. Уымæ гæсгæ, ныртæккæ этапыл мах хъуамæ æппæт тыхтæ аздахæм нæхи паддзахаддзинад фæфидардæр кæнынмæ æмæ экономикæйы райрæзтмæ – уый хъуамæ суа сæйрагдæр вектор æввхсдæр перспективæмæ", – бахахх кодта политолог.

Уынаффæтæ цыдысты æрыгон политологты клубы фыццаг рабадты рæстæджы информацийы комитеты бындурыл. Фидæны тымбыл фынгтæ нывæндынц уадзын алы мæйы фыццаг декадæйы, афтæ ма актуалон фарстытыл уынаффæ кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинадмæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0