Тренер хуссарирыстойнаг каратисткæты æнтысты тыххæй: сæхи цæттæ кодтой удуæлдайæ

© Sputnik / Наталья АйриянСозаты Владимир
Созаты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрыгон хуссарирыстойнаг спортсменкæтæ сæ тренеримæ радзырдтой Sputnik пресс-конференцийы, куыд цæттæ кодтой сæхи турнирмæ æмæ сæ спортивон цæттæдзинадæй искуы царды спайда кодтой æви нæ

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг каратисткæ Дудайты Донна ссис кекусин-кан каратейæ Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау. Ноджы ма иу архайæг Цхинвалæй – Гаглойты Диана – бацахста æртыккаг бынат.

Sputnik пресс-центры спортсменкæтæ æмæ сæ тренер Созаты Владимир радзырдтой, куыд цæттæ кодтой чызджытæ сæхи ерыстæм, фыццаг тæлмæнты тыххæй, афтæ ма ауагътой мастер-класс киокусин-кан каратэйæ.

Тренеры ныхæстæм гæсгæ, ерыстæ уагъд цыдысты юниортæ æмæ юниоркæты æхсæн æртæ кары группæйы. Хуссарирыстойнаг чызджытæ архайдтой 12-13 азы кары къорды. Ӕдæппæт ерысты истой хайад 480 адæймаджы Уæрæсейы 20 регионæй.

"Уæрæсейы фыццагады хайадисты размæ мах рацыдыстæм цалдæр турниры – ЦКФЗ-ы, Цæгат Ирыстоны фыццагадтæ, турнир "Сабыр Кавказ", Уæрæсейы Кубок. Уыдонæй алкæцыйы дæр, Уæрæсейы кубокæй дарддæр, Донна рахызт уæлахиздауæй, Диана та бацахста дыккаг бынæттæ", — загъта Созаты Владимир.

Тренер банысан кодта, фыццагады чызджытæ кæй райдыдтой тынг хорз, развæлгъау тохты уыдысты тыхджындæр, финалы цыппæрæм хайы тохтæ та балхынцъ кодтой æмгъуыдæй раздæр.

Киокусин-кан каратэ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг каратисттæ ссисты Уæрæсейы Кубокы призертæ

"Финалмæ ахизыны тыххæй тохы Диана уыд арæхстджындæр, фæлæ бауагъта рæдыд – æркъул кодта йæ сæр. Ацы тæссаг фезмæлд ныхмæлæууæджы æрдæм æфхæрд цæуы бафæдзæхстæй, фæдзæхст та у вазари, ома æрдæг уæлахиз. Рамбулынæн рæстæг нал баззад æмæ Дианайæн банымадтой фæхæрд. Æртыккаг бынатыл тохмæ уый йæхи хорз бацæттæ кодта æмæ рамбылдта… Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ бынат финалы уыд, фæлæ…", — радзырдта тренер æмæ бафтыдты, ацы рæдыдтытыл радон тренировкæтыл кæй бакусдзысты.

Уый загъта, кæй у райгонд фæ хъомылгæнинæгты æнтыстæй æмæ банысан кодта, чызджыты удуæлдай тренировкæтæ сæрдыгон рæстæг (уæлдæфы хъæрмад 40 градусмæ куы хызт) — кæй нæ ацыдысты æнæпайдайæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0