00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
08:30
3 Мин
Главвные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Ирыстоны рабӕрӕг конкурс "Ӕз – Аланка"-йы уӕлахиздзау

Рафыссын
Сӕйраг призыл - "iPhone 7 Red" – тох кодтой конкурсы 7 хайадисӕджы. Уыдоны хъуыд ӕрхъуыды кӕнын алайнаг чызджы фӕлгонц ӕмӕ сисын къам Цӕгат кӕнӕ Хуссар Ирыстоны историкон ӕмӕ ӕрдзон цыртдзӕвӕнты цур

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы уагъд ӕрцыд II Алайнаг националон конкурс "Ӕз — Аланка-2017"-ы финал. Мадзалы организаторӕй ралӕууыд компани "Суардон", хъусын кӕны 15-й Регион.

"Конкурсы сӕйраг нысан — алкӕцы хайадисӕгӕн дӕр раттын фадат йӕ фыдӕлты историйы аныгъуылын. Уымӕй дарддӕр ма алы чызг дӕр хъуамӕ радзырдтаит, къамтӕ цы бынаты систа, уый тыххӕй, науӕд та сӕ мыггаджы мӕсгуыты истори", — радзырдта компани "Суардон"-ы минӕвар Аслан Николов.

Мадзалы организатортӕ ма сарӕзтой акцент сакралон нымӕц 7-ыл, кӕцы ӕмбӕлы бирӕ алайнаг ӕмӕ ирон ритуалты.

Дзæуджыхъæуы филармони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон музыканттæ фæуæлахиз сты вокалистты æхсæнадæмон конкурсы

7 номинацийы, 7 къамы, жюрийы 7 уӕнджы, 7 ноябрь — конкурсы райдиан, 7 июлы — куырдиӕттӕ исыны фӕуд, хъӕлӕскӕнынады старт, 7 август — сайтыл хъӕлӕскӕнынады фӕуд ӕмӕ та 7 ноябры — финал.

"Конкурсанткӕтӕ иууылдӕр сты рӕсугъд, иууылдӕр иттӕг хорз бацӕттӕ кодтой, фӕлӕ мах сфӕнд кодтам, цӕмӕй уӕлахиздзауы рабӕрӕг кӕной цифрӕтӕ", — банысан кодта жюрийы уӕнг, бренд "Суардон"-ы бындурӕвӕрӕг Къорнаты Анзор.

Жюри сӕвӕрдта баллтӕ, уыдоны суммӕ сбӕрӕг кодта "Аланка-2017". Уӕлахиздзау ссис Къараты Аланӕ. Дыккаг бынат схӕлар кодтой Дзаллаты Алинайӕн, ӕртыккаг та — Хъайтыхты Фатимӕйӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0