ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕрцахстой Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстаджы, кӕцы тыхми бакодта йӕ раздӕры ӕмкъайӕн, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Цхинвалы мидхъуыддӕгты управленимӕ 1 ноябры ӕрбацыд 22-аздзыд сылгоймаг, кӕцы фехъусын кодта, уыцы бон ын йӕ раздӕры ӕмкъай кӕй бакодта тыхмитӕ", — радзырдтой уагдоны.
МХМ информацимӕ гӕсгӕ, ӕрцахстуӕвӕгӕн ма раздӕр дӕр стӕрхон кодтой тыхми бакӕныны тыххӕй.
Азымгонды бакодтой рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы, уголовон хъуыддаджы фӕдыл ӕрмӕджытӕ ӕрвыст ӕрцыдысты Цхинвалы прокуратурӕмӕ.