Абхазы президент æмæ парламенты спикер æрцæудзысты Хуссар Ирмæ

© Sputnik / Илона Хварцкия /  Ахизын медиабанкмæАбхазы президент Рауль Хаджимба
Абхазы президент Рауль Хаджимба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Абхазы парламенты делегаци, цæмæй райса хайад æмæхсæнад "Адæмты демократи æмæ барты сæрыл"-ы бæстæтæ-хайадисджыты æхсæнпарламентон ассамблейы рабадты

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонмæ æввахс рæстæджы фæуазæг уыдзысты Абхазы президент Рауль Хаджимба æмæ парламенты спикер Валерий Бганба, загъта абхазаг парламенты вице-спикер Левон Галустян.

Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты æмæхсæнад "Адæмты демократи æмæ барты сæрыл"-ы бæстæтæ-хайадисджыты æхсæнпарламентон ассамблейы VIII рабадты хайадисджытæ. Майрæмбоны Цхинвалы ацæудзæн ассамблейы рабадт, кæцыйы райсдзысты хайад Хуссар Ирыстоны парламентаритæ, Абхаз æмæ ПМР-ы делегацитæ.

"Фæнды мæ нæ парламенты сæргълæууæг Валерий Бганбайы номæй арфæйы ныхæстæ зæгъын, йæхæдæг æввахс рæстæджы æрцæудзæн республикæмæ æмæ ауадздзæн бадзырдтæ. Нæ балцы размæ ма ныхас кодтам паддзахады сæргълæууæг Рауль Хаджимбаимæ, уый æрымысыд йæ æрæджыйы визит Хуссар Ирыстонмæ æмæ загъта, æввахс рæстæджы та ногæй кæй нывæнды ардæм æрцæуын", — загъта Галустян.

Уый бахахх кодта, аз кæй фæхæццæ кæны кæронмæ æмæ ныридæгæн ис гæнæн цавæрдæр хатдзæгтæ аразын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз уыд æнтыстджын дыууæ бæстæты парламентты æмгуыстадæн.

"Бынтон æрæджы уагъд æрцыд парламенты сæргълæууæджы визит Абхазмæ. Бакæнгæ бадзырдтæ радтой фадат хъуыды кæнын, парламентты æхсæн ранæуæггонд сразыдзинады бындуры кæй ис æмахастыты æнæхъæн комплекс", — банысан кодта Абхазы парламенты вице-спикер.

Хуссар Ирыстоны парламенты фыццаг вице-спикер Мамиты Инал уазæгæн радта парламенты Кады грамотæ, кæцыйæ хорзæхджын у Абхазы курорттæ æмæ туризмы фæдыл министр.

Абхазаг уазджытæ сæ коллегæтæн балæвар кодтой Евангелие абхазаг æвзагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0