Хуссар Ир, Абхаз æмæ ДМР райстой закон бабынуæвæг хъахъхъæнджыты тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянӔхсæнпарламентон ассамблейы рабадт Цхинвалы
Ӕхсæнпарламентон ассамблейы рабадт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдыбæстæ хъахъхъæныны рæстæджы бабынуæвджыты ном сæнусон кæныны фæдыл закон Хуссар Ирыстоны ныридæгæн райст æрцыд, республикæйы парламентарийтæ банхъардтой абхазаг æмæ днестргæройнаг коллегæтæн ацы фæлтæрддзинадæй спайда кæнын

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Ӕмæхсæнад "Адæмты демократи æмæ барты сæрыл"-ы бæстæтæ-хайадисджыты æхсæнпарламентон ассамблейы рабадты хайадисджытæ райстой закон Фыдыбæстæ бабынуæвæг хъахъхъæнджыты ном сæнусон кæныны фæдыл.

Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Дьяконты Амираны ныхæстæм гæсгæ, ацы закон алы бæстæтæн дæр ахсджиаг у.

"Мах раздæр райстам ахæм закон æмæ уæ кæд фæнды, уæд уын ис фадат йемæ базонгæ кæнын æмæ дзы уæхицæн исты райсын", — загъта уый.

Ӕхсæнпарламентон ассамблейы генсек Григорий Маракуца банысан кодта, алы паддзахад дæр кæй уадзы куыст бабынуæвджыты ном сæнусон кæныны фæдыл, фæлæ алкæмæн закон нæй.

"Йæ Фыдыбæстæйы сæрвæлтау сæ цард цы хъахъхъæнджытæ радтой, уыдон уый аккаг сты æмæ сын райсæм хицæн закон. Ис гæнæн æмæ йæм бафтыд æрцæуа сæ бинонты, сывæллæтты социалон хъахъхъæнынады фæдыл пункт. Ацы закон у ахсджиаг æмæ йæ æнæмæнгæй хъæуы райсын", — загъта уый.

Тасойты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Днестргӕрон бадзырдтой иумӕ хъахъхъӕнын адӕймаджы бартӕ

Абхазы парламенты вице-спикер Левон Галустян балæууыд закон райсыны фарс æмæ банысан кодта, республикæйы цæттæ кæй сты ахæм документ райсынмæ.

"Хъыгагæн, мах республикæйы ахæм закон нæй. Сæрибардзинадмæ фæндаг уыд вазыгджындæр, тугкæлæндæр, не ′мбæстæгтæй минтæ радтой сæ цард. Хæсты фæудæй 24 азы фæстæ дæр ма Абхазы 150 хъахъхъæнæгæй фылдæр сты æбæрæгæй фесæфæг", — банысан кодта Галустян.

Уый ма загъта, СДӔК-ы мисси кæй уадзы фæмардуæвджыты буæртты эксгумацийы фæдыл куыст æмæ уал азы фæстæ фæмардуæвджыты хæстæджытæн фæзынд фадат хъайтарты æмбæлонæй баныгæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн уал ссардæуыд æмæ Кады Аллейы ныгæд æрцыдысты 30 лæппуйы.

Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Коцты Олеся банхъардта æбæрæгæй фесæфæг адæмы агуырды фæдыл законыл бакусын æмæ райсыны фарстыл, уымæн æмæ ацы фарст у актуалон æмæхсæнад "Адæмты демократи æмæ барты сæрыл"-ы хайадисджытæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0