Тедеты Бахва Олимпиаг хъæзтыты тыххæй: хъуыддаг ис политикæйы мидæг

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл парламентон комитеты разамонæг радзырдта, уæрæсейаг спортсменты Олимпиадæ-2018-мæ ма бауадзыны тыххæй

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Допингы ныхмæ æппæтдунеон агентады (WADA) архæйдтытæ сты здæхт, цæмæй уæрæсейаг спортсментæн ма уа фадат Олимпиаг хъæзтыты хайад райсын, нымайы Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл парламентон комитеты разамонæг Тедеты Бахва. Уый тыххæй хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, WADA-йы архæйдтытæ комкоммæ баст сты политикæимæ.

"Алцыдæр ис политикæйы мидæг. Уыдоныл æндавынц АИШ. Исынц чъизи мадзæлттæ, цæмæй аразой цæлхдуртæ уæрæсейаг спортсментæн. Уымæн та æвдисæн у уый æмæ уыдон кæй агурынц адæмы, кæцытæ цæттæ сты чъизи калын уæрæсейаг спортсментыл. Афтæмæй, Ныгуылæны рæзт цæуы æппæрццаг фæлгонц, æппæрццаг ахаст æхсæнады æрдыгæй Уæрæсемæ æмæ йæ спортсментæм, уымæн æмæ уым æууæндынц, цыдæриддæр сын дзурынц, ууыл", — банысан кодта Бахва.

Парламентарийы ныхæстæм гæсгæ, олимпиаг змæлды историйы ахæм прецеденттæ ныры онг никуы уыд.

"Ахæм уынаффæтæй фыццаджыдæр зиан æййафы спорт, политикæ та хъуамæ ма æндава спортыл, уæлдайдæр та йын ма хъыгдара йæ куыст", — бахахх кодта уый.

Профилон комитеты сæргълæууæг Тедеты Бахвайы ныфс ис, Ӕхсæнадæмон олимпиаг комитет кæй райсдзæн объективон скъуыддзаг уæрæсейаг спортсмены пайдайæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0