ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны президенттæ Владимир Путин æмæ Бибылты Анатолий æрæджыйы фембæлды рæстæджы Мæскуыйы æруынаффæ кодтой республикæйы цæрджытæн медицинон æххуысы фадæттыл. Уый тыххæй Бибылты Анатолий радзырдта цыппæрæмы пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Путин тынг цымыдис кодта Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмвæзадмæ.
"Дзырд цыд республикæйы медицинон æххуыс бакæныны æмвæзады фарстыл æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады объектты архайдыл. Уымæй дарддæр ма, уынаффæ цыд цæрджыты экстренон эвакуацийыл Хуссар Ирыстонæй Уæрæсейы территорийыл медицинон уагдæттæм бахъуыды рæстæджы", — загъта уый.
Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, ма куыст цæуы фарстыл дæр, цæмæй Хуссар Ирыстонæн рахицæн æрцæуа вертолет медицинон ифтонггарзимæ.
"Зымæгон рæстæг æвзæр боныгъæдты фæстиуæгæн фæндаг арæх æхгæд кæй вæййы, уымæ гæсгæ вертолет ирвæзынгæнæн нысæнттæн у æнæмæнгхъæуæг. Цы ведомствæ кусдзæн ацы фарстыл, уый нырма бæлвырд нæу, фæлæ уый у техникон фарст, кæцы у æнцон аскъуыддзаг кæнын", — бафтыдта президент.
Афтæ ма бæстæты сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой УФ æмбæстæгтæн медицинон æххуысы фадæттыл Хуссар Ирыстоны территорийыл.
"Фыццаг рады, уал уый хауы бынаты гемодиализ аразыныл. Рынчынтæн ахсджиаг у фыццаг медицинон æххуыс райсын æмæ Транскамы фæндаджы æнæнхъæлæджы æрæхгæды рæстæджы та тæссаг уыдзæн сæ æнæниздзинадæн", — бафтыдта президент.
Нывæзты ма ис æмбæстæгтæн æнæмæнгхъæуæг æххуыс кæнын æнæ медицинон фæдзæхстæй. Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад рахицæн кæндзæн фæрæзтæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæн медицинон лæггæдтæ Уæрæсейы территорийыл уой æнæ аргъæй.
Уынаффæты фæстиуæг ссис республикæйы территорийыл цæрæг УФ-йы æмбæстæгты фæдзæхсты къабазы æмгуыстады фæдыл сразыдзинад. Хуссар Ирыстоны фарсæй документыл йæ къух бафыста æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгий, Уæрæсейы ′рдыгæй та йæ коллегæ – Вероника Скворцова.