Хуссар Иры ПӔК зæрдыл æрлæууын кодта арæнгæрон зонæмæ цæуыны уагæвæрд

© Sputnik / Наталья АйриянГраница Южной Осетии с Грузией
Граница Южной Осетии с Грузией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауады уынаффæмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл кусы арæнгæрон зонæ уырдæм бацæуыны фæдыл йæхи уагæвæрдимæ

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны паддзахадон æдасдзинады комитет æрлæууын кодта республикæйы арæнгæрон зонæмæ бацæуын кæй фæнды, уыцы æмбæстæгты зæрдыл, уырдæм бацæуыны уагæвæрды тыххæй, фæстаг рæстæджы арæнгæрон режим фехалыны цауты нымæц кæй фæфылдæр, уый фæдыл.

Открытие совместного учебно-тренировочного центра НАТО в Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир, Уæрæсе æмæ Абхазы катайы æппары Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æмархайд

Республикæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл кусы арæнгæрон зонæ уырдæм бацæуыны фæдыл йæхи уагæвæрдимæ.

"Арæнгæрон зонæмæ бацæуыны уагæвæрд фæрогдæр кæныны мадзæлттæм æнæкæсгæйæ, фæстаг рæстæджы фæфылдæр арæнгæрон режимы фехæлды нымæц. Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ хъуамæ æххæст кæной Республикæ Хуссар Ирыстоны закондæттынад, афтæ ма арæнгæрон зонæмæ бацыды æмæ рæстæгмæ уæвынады уагæвæрд", — загътой пресс-службæйы.

Ведомствæйы банысан кодтой, хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн кæй у сæ бон цæуын арæнгæрон зонæмæ республикæйы æмбæстаджы паспортæй, науæд та кусæгон æвдисæндарæй.

Пункт упрощенного пересечения границы Южной Осетии с Грузией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир дыууӕ бонмӕ сæхгæндзæн йæ арæн Гуырдзыстонимæ

Фæсарæйнаг æмбæстæгтæй арæнгæрон зонæмæ бацæуын кæй фæнды, уыдон райсын хъæуы индивидуалон кæнæ коллективон пропусктæ, уыимæ иумæ сæм хъуамæ уа гоймагдзинад бæлвырдгæнæн документтæ.

"Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты пропуск райсыны тыххæй хъæуы байдзаг кæнын æмбæлон куырдиат æмæ æрбавдисын паспорты ксерокопи. Фæсарæйнаг æмбæстæгты ма банысангонд документтæй дарддæр хъæуы æрбавдисын миграцион картæйы ксерокопи дæр", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0