Уæлдæр тæрхондоны коллеги æнæивгæ ныууагъта Къæбысты Георгийы ахæст

Рафыссын
Къæбысты Георгийы ахстæй ссæрибар кæныны тыххæй фæдзæхсты лæууынц Хуссар Ирыстоны экс-президенттæ - Цыбырты Людвиг, Кокойты Эдуард æмæ Тыбылты Леонид

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджыты коллеги æнæивгæ ныууагъта Цхинвалы горӕттаг тæрхондоны рахæсгæ уынаффӕ бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты раздæры сæргълæууæг Къæбысты Георгийы ахæсты фæдыл. Адвокат фæнд кæны Генералон прокуратурæмæ бавдисын Хуссар Ирыстоны æртæ экс-президентты фæдзæхстадтæ.

Къӕбысты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къӕбысты Георгийы хъуыддаг: адвокат бахъаст кодта ахӕсты фӕдыл скъуыддзагыл

Къæбысты Георгийы ахстæй ссæрибар кæныны тыххæй фæдзæхстæй слæууыдысты Хуссар Ирыстоны экс-президенттæ — Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, стæй ма цалдæр депутат. Бæрнон адæмы фæдзæхстады гæххæттытæ æмæ адвокаты æвдисæйнагтæ не 'сразы кодтой УТ коллегийы горæттаг тæрхондоны уынаффæ аивын. Ныр адвокат фæнд кæны ацы фæдзæхстад æмæ ма ноджы иу экс-президент Кокойты Эдуарды фæдзæхстад бавдисын Генералон прокуратурæмæ.

"Ис нæм æртæ экс-президентты фæдзæхстад, кæцытимæ мах бацæудзыстæм Генералон прокуратурæмæ", — загъта Къæбысты Георгийы адвокат Ирина Елбакидзе.

Къæбысты Георгий йæхæдæг Уæлдæр тæрхондоны рабадты фæстæ журналисттæн фехъусын кодта кæй куры, цæмæй тæрхондоны рабадтытæ цæуой гом режимы æмæ адæм зоной цæм йæ азым кæнынц, уый.

"Мæн фæнды, цæмæй мын тæрхонгæнджытæ суой нæ адæм. Ӕз æй æмбарын тæрхонгæнджытыл дæр ис стыр æндæвдад. Тæрхондоны рабадты рæстæджы æз дæр кæйдæрты азым кæндзæн æмæ мæ фæнды, цæмæй æгас Ирыстон алцыдæр зона. Мæ хъуыддаг хонынц резонансон æмæ кæд афтæ у, уæд уадз æмæ комкоммæ трансляци цæуа процесс", — загъта Къæбысты Георгий.

Бибылты Анатолийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: нæй мын сæрмагонд хъаугъа Къæбысты Георгиимæ

Къæбысты Георгийы ныхмæ прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг "кусæгон барты сæрты ахизыны" статьямæ гæсгæ. 7 ноябры Къæбысты Георгий урæд æрцыд 48 сахатмæ, фæлæ фæстæдæр Цхинвалы горæттаг тæрхондон рахаста уынаффæ уымæн йæ ахæст ноджы иу мæй адарддæр кæныны фæдыл. Ацы уынаффæйыл не ʻсразы сты Къæбысты Георгийы адвокаттæ æмæ бадæтой хъаст Уæлдæр тæрхондонмæ.

Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты раздæры сæргълæууæг Къæбысты Георгийы æрцахст хуссарирыстойнаг æхсæнады ссис резонансон. Ацы цау расайдта егъау дискусситæ цæрджыты ʻхсæн æмæ социалон хызæгты.

Ног хабӕртты лентӕ
0