ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны УУМ-ы кусджытæ исдзысты уæрæсейаг пенситæ, ныртæккæ ведомствæ æмбырд кæны æнæмæнгхъæуæг документаци, уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта министрады сæргълæууæг Тадтаты Алан.
Ныры онг, хуссарирыстойнаг уæлвæткон ведомствæйы кусджытæн нæ уыд фадат пенситæ аразын. Уый бантыст саразын Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты органты кусджыты пенсион ифтонгады уагæвæрды фæдыл бафыстгонд сразыдзинады фæрцы.
"Президенты æххуысы, МХМ æмæ УУМ-ы къухдариуæгады куысты руаджы, фарст æвæрццагæй скъуыддзаг æрцæудзæн декабры онг, ацы фарсты фæдыл куысты ис феккуырст, æмæ мæ бон зæгъын у, тагъд рæстæджы нæ кусджытæ кæй исдзысты уæрæсейаг пенситæ", — загъта Тадтаты Алан.
Уый ма бафтыдта, ныртæккæ ведомствæ кæй æмбырд кæны æппæт æнæмæнгхъæуæг документаци, активонæй æмгуыст кæны мидхъуыддæгты министрады пенсион хайадимæ – уæлвæткон ведомствæйæн йæхицæн нæй пенсион хайад.