Аланӕйы разгӕмттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянАлана Икаева
Алана Икаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Икъаты Аланӕ фӕнд кӕны ирон националон дарӕс ӕрвылбонон цардмӕ раздахын ӕмӕ йӕхицӕн иууыл рӕсугъддӕр чындздзон къаба бахуыйын

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг æрыгон чызг Икъаты Аланæ ахуыр кæны ЦИПУ экономисты дæсныйадыл, фæлæ йæ сæйрагдæр бæллиц баст у йæхи националон уæлæдарæсы коллекцийы рауагъд æмæ Цхинвалы хисæрмагонд ательейы æрбакондимæ.

Аланӕйы ныййарджытӕ ӕмӕ хо цӕрынц Цхинвалы Дзабиты Геннадийы уынгыл. Улӕфт бонтӕм бинонтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц бӕрӕгбонау – сабат ӕмӕ хуыцаубон ӕрӕмбырд вӕййынц иумӕ — Ирыстоны цӕгатӕй ӕрцӕуы Аланӕ дӕр.

"Гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ цыд хуыйын, фӕлӕ скъолайы фӕстӕ равзӕрстон экономисты дӕсныйад, фӕлӕ хуыйыныл дӕр мӕ зӕрдӕ не 'сивтон ӕмӕ бацыдтӕн хуыйджыты лицеймӕ дӕр", — зӕгъы Аланӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянИкъаты Аланæ йæхи хуыд къабайы
Алана Икаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Икъаты Аланæ йæхи хуыд къабайы

Фæстаг æзты Ирыстоны, уæлдайдæр та цæгаты, алкæцы æмвæзады политик дæр йæ хæсыл нымайы йæ гардероб баххæст кæнын Гæбæраты Лизайы конд хæдонæй. Националон дарæсы популярондзинад цадæггай биноныг кæны хуссары дæр. Бæрæгбонтӕм нæлгоймæгтæ ӕрбацæуынц ирон хæдæтты, чызджыты арæх фенæн ис ныры дугмӕ ӕрӕмных разгæмтты. Зындгонд дизайнермæ йæхи скæныны фадат кæмæн нæй, уыдон бакæсынц чысыл ательеты къæсæрæй, фæлæ уым дæр иууыл зынаргъдæр лæууы ирон къаба бахуыйын. Уавæртæ хынцгæйæ бирæтæ сæхӕдæг райсынц судзин æмæ æндах. Уыдон нымæцмæ хауы Икъаты Аланæ дæр, фæлæ ма уый аннæты уæлдай хуыйæг суæвынмæ бæллыд рагæй, æгæр стæмæй чысыл сабийæ дӕр. Фӕзӕгъынц, фыдæлты фарн дам мæрдтæм нæ цæуы — чызг дæр хайджын разынд йæ нанайы курдиатæй.

© Sputnik / Наталья АйриянИкъаты Аланæ йæхи хуыд къабайы
Алана Икаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Икъаты Аланæ йæхи хуыд къабайы

"Арӕхсы ацы хъуыддагмæ. Кæлмæрзæны гæппæлæй дæр чысыл рæстæгмæ цыдæртæ ахуыйы. Мæ мад дæр афтæ тынг арæхстис хуыйынмæ æмæ бийынмæ дæр ӕмӕ уый туг рахаста", — дзуры йæ ныййарæг Дудайты Зема.

Икъаты Аланæйы хуыд дарæсы бæрæгбонмæ абалц кæнын абон бирæтæ тырнынц, фæлæ ма чысыл саби куы уыд, уæд уый хуыйæджы дæсныйадмæ тырнынады стæмтæ æмбæрстой, йæ радон фантази сæххæст кæнынæн хъуымацы гæппæлтæ æмбырд кодта мисхæлттӕй. Ӕцæг чызг йæхæдæг дæр ницæмӕн æвгъау кодта, йæ радон фæлгæнæн дарæс бахуыйынæн нæ аууæрста нæдæр рудзынгæмбæрзæныл, нæдæр базы цъæрттыл.

"Бынтон чысыл ма куы уыдтӕн, уӕд мын иухатт хӕдон скодта базы цъарӕй, разӕй йыл цыдӕр дидинӕг сарӕзта, мӕхӕдӕг дӕр фӕдис дӕн, афтӕ рӕсугъд йын рауад", — дзуры ныййарӕг Дудайты Зема.

Чызгы йæ ног фæндтæ сæххæст кæныны хъуыддаджы нæ къуыхцы кодтой уайдзæфтӕ ӕмӕ загъд.

© Sputnik / Наталья АйриянИкъаты Аланæ йæхи хуыд къабайы
Алана Икаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Икъаты Аланæ йæхи хуыд къабайы

"Чысыл ма куы уыдыстæм, уæд-иу нæ улæфт бонтæ æрвыстам Дменисы. Кæрты сывæллæттимæ-иу арæзтам концерттæ, Аланæ та-иу нын скодта дарæс. Хъуыддаджы иу сбæззыдысты рудзынгæмбæрзæнтæ. Стæй-иу нæм мæ фыды мад фæхыл кодта, уымæн æмæ концертон къаба хуыйгӕйӕ нæ дада-иу йæ рудзынгæмбæрзæнтæй рацух ис", — мысы сӕ сабибонтӕ хо Алина.

© Sputnik / Наталья АйриянИкъаты Аланæ
Алана Икаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Икъаты Аланæ

Абон Аланӕ фылдӕр бӕрцӕй йӕ тых радта ирон националон дарæс хуыйынмæ.

"Мӕ ахуыр куы фӕуон, уӕд хъавын Цхинвалы ӕрбакӕнын ателье, цы ран хуыйдзӕн ирон къабатӕ. Фӕстӕдӕр та, амал уæвгæйæ, рауадздзӕн мӕхи конд дарӕсы коллекци", — загъта Аланӕ.

Фидӕны дизайнер Икъаты Аланӕ фӕнд кӕны ирон националон дӕрс ӕрвылбонон цардмӕ раздахын ӕмӕ йӕхицӕн иууыл рӕсугъддӕр чындздзон къаба бахуыйын.

Ног хабӕртты лентӕ
0