Хуссар Ир æмæ Абхазы президенттæ радзырдтой, цы сæ домынц адæм

Хуссар Ир æмæ Абхазы президенттæ радзырдтой, цы сæ домынц адæм
Хуссар Ир æмæ Абхазы президенттæ радзырдтой, цы сæ домынц адæм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий æмæ Рауль Хаджимба радзырдтой журналисттæн сæ бадзырдты хатдзæгтыл

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik, Гæбæраты Ян. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмты фæнды райтынг кæнын æнтыстджын ахастытæ дыууæ бæстæты ʻхсæн æппæт фадгуыты дæр, фехъусын кодта йæ абхазаг коллегаимæ фембæлды фæстиуæгæн президент Бибылты Анатолий.

Абхазы президент Хуссар Ирмæ æрцыд кусæгон балцы хуыцаубоны. Цхинвалы уымæн уыд бадзырдтæ Бибылты Анатолийимæ.

"Мах æруынаффæ кодтам æппæт фарстытыл дæр. Равдыстам политикон æмæ экономикон ахастытæ райтынг кæныны æмзæрдиуæг фæндон. Уырны мæ, махæн уый нæ тыхы кæй ис. Ацы фембæлд фæахъаз уыдзæн æхсæнведомствæйон æмархайд райтынг кæнынæн, уый домынц нæ адæмтæ, уый фæнды дыууæ республикæйы президентты", — загъта РХИ президент.

Рауль Хаджимба дæр æрдзырдта дыууæ бæстæйы ʻхсæн æнусты дæргъы хæларадон ахастыты тыххæй.

Хаджимбайы балц: кӕм уыд ӕмӕ кӕимӕ фембӕлд Цхинвалы Абхазы президент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хаджимбайы балц: кӕм уыд ӕмӕ кӕимӕ фембӕлд Цхинвалы Абхазы президент

"Ахъуыды ма йыл кæнут, куыд æмзæл сты ацы дыууæ ныхасы: апсуа (абхазты ном— ред.) æмæ ауапс (ирон адæмы ном абхазаг æвзагыл — ред.). Дыууæ дзырд дæр нысан кæнынц "зæрдæйы адæймаг". Нæ адæмтæ кæрдзийæн сты æввахс. Æмæ ацы процесс абон размæ цæуы. Ӕппæт дæр æвдисы, мах ацы бастдзинæдтæ кæй хъæуы", — загъта Хаджимба.

Дыууæ фарсы дæр сæрамгонд хъусдард аздæхтой дывæрсыг æмгуыстадмæ республикæты хæдбардзинад банымайыны фæдыл, стæй ма банысан æрцыд, æнæфæивгæ кæй уыдзысты Уæрæсеимæ ахастытæ.

Хуыцаубоны ма бафыст æрцыдысты бадзырдтæ дыууæ республикæты ахуырад æмæ хъæууон хæдзарады министрæдты хсæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0