Ирӕтты уынгыл кӕлӕццаг хӕдзӕртты цӕрджытӕн радтой ног фатертӕ

© Сайт Президента РЮОБибылты Анатолий бацыд Ирӕтты уынгмӕ ӕмӕ аныхас кодта кӕлӕццаг хӕдзӕртты цӕрджытимӕ
Бибылты Анатолий бацыд Ирӕтты уынгмӕ ӕмӕ аныхас кодта кӕлӕццаг хӕдзӕртты цӕрджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кӕлӕццаг хӕдзӕрты цы цалдӕр бинонтӕ цардысты, уыдон балыгъдысты ног фатертӕм Маяковскийы уынгыл

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бацыд Ирӕтты уынгмӕ ӕмӕ аныхас кодта кӕлӕццаг хӕдзӕртты цӕрджытимӕ, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Цхинвалы арæзтцæуæг микрорайон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног микрорайоны фатертæ райсдзысты бирӕ ӕзты рады лæууæг адæм

Ацы кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕ хаст ӕрцыдысты Цхинвалы мэрияйы балансмӕ.

Цалдӕр бинонтӕ, кӕцытӕ уыдысты цӕрӕнуатон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны хъуаг, раздӕр балыгъдысты ног фатертӕм Маяковскийы уынгыл.

Ирӕтты уынджы цӕрджытӕй иу бахатыд президентмӕ куырдиатимӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕна йӕ цӕрӕнуатон проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн.

"Мæхæдæг цæрын хъæуты, фæлæ зымæджы æрцæуын ардæм. Ам цæры мæ чызг йæ бинойнаг æмæ сæ цотимæ. Митуардты рæстæджы уыдон бахсæвиуат кæнынц къæлидоры, уымæн æмæ тæрсынц агъуысты æркæлынæй", — радзырдта уый.

Президент банысан кодта, сæ алвыварс кæй ис бирæ зæронд æмæ æркæлынæввонг арæзтæдтæ, кæцыты цæрджытæ тагъд рæстæджы сæ сыхæгтау бацæудзысты ног хæдзæрттæм, уымæн æмæ сæ бирæтæ лæууынц фатертæм радты.

Ног хабӕртты лентӕ
0