Йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар Иры адӕмон нывгӕнӕг Козаты Ушанг

© photoshareКозаты Ушанг
Козаты Ушанг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгӕ нывгӕнӕг-авангардист ацы дунейӕ фӕхъуыд 65-аздзыдӕй

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг, Уӕрӕсейы сгуыхт нывгӕнӕг Козаты Ушанг амард ӕртыццӕджы ӕхсӕвы. Зынгӕ нывгӕнӕджы фӕзианы тыххӕй информаци бафидар кодтой республикӕйы культурӕйы министрады.

Козаты Ушанг — Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг, Уӕрӕсейы сгуыхт нывгӕнӕг, Цӕгат Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг, Уӕрӕсейаг аивӕдты академийы сгуыхт академик, Уӕрӕсейаг аивӕдты академийы уӕнг-корреспондент. Хуссар Ирыстоны знӕгтӕй бахъахъхъӕнынмӕ йӕ хайбавӕрд бахӕссыны тыххӕй Козаты Ушанг хорзӕхджын ӕрцыд Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр паддзахадон хорзӕхӕй — Уацамонгӕйы орденӕй.

"Козаты Ушанг амард дысон Дзæуджыхъæуы. Бæстондæр информаци нæм нæй. Знон изæры ма ныхас кодтам, уый фæнд кодта æрцæуын Хуссар Ирыстонмæ", — загъта культурæйы министр Зассеты Жанна.

11 ноябры Козаты Ушанг банысан кодта йæ 65-азон юбилей. Ивгъуыд къуырийы кæрон Цæгат Ирыстоны Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом ис йæ юбилейон равдыст. Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Козаты Ушангы юбилейон равдыст "Ирыстоны хуызтæ" фæстæдæр фæнд кодтой бакæнын Израилы дæр.

Ушанг и Заур Козаевы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иры хуызтæ": Козаты Ушангы равдыст æрбайгом Дзæуджыхъæуы

Нывгæнæг райгуырд 1952 азы ГССР, хъæу Думастурийы. Каст фæцис Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон. Йæ куысты ʻхсæн сты: "Фыццаг хуымгæнæг" (1985), "Сыхæгтæ" (1985), "Аланты фæндаг" (1990), "Хуссар Ирыстон" (1990), "Фашизм" (1990), "Цхинвал 08.08.08" (2008), "Полет Георгиева над миром" (2008) æмæ бирæ æндæртæ. Нывæгæнæджы куыстыты тематикæ у алывæрсыг, фæлæ дзы сæйраг бынат ахсынц Хуссар Ирыстоны, Беслæны æмæ Хъæрмæдоны трагикон цаутæ.

Советон Цæдисы нывгæнджыты цæдисы уæнг, Уæрæсейы сгуыхт æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæджы куыстытæ зонынц куыд Ирыстоны, афтæ æндæр бæстæты дæр. Уыдон архайдтой равдыстыты Эрмитажы, Третьяковы галерейы, Пекины æмæ Токиойы Центрон музейты.

Козаты Ушанг хорзæхджын у Нырыккон Аивады Сыгъзæрин Майдантæй (Япони, 1988), Орден "За служение искусству Российской академии художеств" (2011), Уæрæсейы нывгæнджыты æвзист майданæй (2011), Орден "Уацамонгæ"-йæ (Хуссар Ирыстон, 2008).

Ног хабӕртты лентӕ
0